Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 9:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Фехъусын сын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Адӕмы мӕрдтӕ, быдырты цы фаджыс фӕлӕзӕры, хуымгӕрдӕг йӕ фӕстӕ цы мӕнӕуы куыристӕ ныууадзы, уыдонау зӕххыл лӕзӕрдзысты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый нӕ уыдзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 9:22
17 Iomraidhean Croise  

Езекиа байхъуыста минӕвӕртты арфӕйы ныхӕстӕм ӕмӕ сын равдыста йӕ хӕзнадӕтты диссӕгтӕ: ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, зынаргъ сой, ноджы ма йӕ хотыхты ӕфтауцуат ӕмӕ йе ’ппӕт ӕвӕрӕнтӕ, йӕ хӕлц. Цы нӕ сын равдыста, ахӕмӕй йӕм ницыуал баззади йӕ галуаны дӕр ӕмӕ йӕ паддзахады дӕр.


Исайа та йӕ ноджыдӕр фӕрсы: «Дӕ галуаны дын цы федтой?» Езекиа йын дзуапп радта: «Ницы сӕ басусӕг кодтон. Мӕ галуаны ӕмӕ ме ’вӕрӕнты цыдӕриддӕр уыд, уый сын равдыстон».


Хуымы фаджысау суыдзӕн йӕ мард Изреелы быдыры, ӕмӕ ничиуал зӕгъдзӕн, уый Иезавел у, зӕгъгӕ».


Ӕгӕр зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ саразы, хинӕйдзӕгтӕн сӕ фӕндтӕ фехалы.


«Байхъусут, Мӕ адӕм, Ӕз уын Мӕ ныхас фехъусын кӕнон! Израил, Ӕз дӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕудзынӕн — Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ Хуыцау.


О Хуыцау, нӕ сӕрылхӕцӕг! Дӕ аудӕг цӕстӕй ӕркӕс Дӕ байсӕрст паддзахмӕ!


Дунедарӕджы ном — фидар мӕсыг, рӕстуд дзы бамбӕхсдзӕн ӕмӕ уыдзӕн ӕдас.


Хъӕздыгдзинады фӕдыл ма згъор, кӕд ӕрлӕууын хъӕуы, уый зон;


Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.


«Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты».


Уыцы бон, Дунедарӕг кӕй амардзӕн, уыдоны мӕрдтӕ ӕгас зӕххыл лӕзӕрдзысты. Ничи сыл скӕудзӕн, ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, ӕмӕ ныгӕд не ’рцӕудзысты, фаджысау зӕххыл баззайдзысты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз ацы адӕмы размӕ ӕвӕрын цӕлхдуртӕ; фӕкӕлдзысты сыл, фесӕфдзысты фыдӕй, фыртӕй, сыхӕгтӕ сӕ хӕлӕрттимӕ бабын уыдзысты».


Ацы адӕмы мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холлаг суыдзысты, ӕмӕ сӕ иуварс асурӕг нӕ уыдзӕн.


Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.


Зилгӕ уадау сӕ фӕндагыл алцы ныссӕрфынц, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнынц. Сӕ хъару — сӕ хуыцау.


Ӕз адӕмыл ахӕм ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, ӕмӕ куырмытау рафт-бафт кӕндзысты, Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын кӕй фесты, уый аххосӕй. Сӕ туг алы ран зӕххы рыгау ныппырх уыдзӕн, сӕ буӕрттӕ фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.


Афтӕ ма ’нхъӕлут, ӕмӕ уӕхи уды фыдӕбон ӕмӕ уӕхи хъаруйӕ самал кодтат ӕппӕт ацы мулк.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan