21 Мӕлӕт мидӕмӕ хизы нӕ рудзгуытӕй, бырсы нӕ галуантӕм; уынгты нын цӕгъды нӕ сабиты, фӕзты нын мары нӕ лӕппуты.
Халдейаг паддзахы сыл сардыдта, ӕмӕ сын уый се ’взонг лӕппуты Кувӕндоны мидӕг кардӕй ныццагъта. Никӕуыл бацауӕрста: лӕппуйӕ, чызгӕй, хистӕрӕй, урссӕр зӕрондӕй се ’ппӕты дӕр ын Хуыцау радта йӕ къухмӕ.
Ӕрыгон лӕппутӕ дӕр бастайынц, сӕдых вӕййынц, сӕ къӕхтыл нал фӕлӕууынц.
Ӕгас бӕстӕйы кулдуӕртты раз сагойӕ дымгӕмӕ ныддардтон Мӕ адӕмы, бындар сын нал ныууагътон! Мӕ фӕндонӕй сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ уадзынц сӕ фӕндӕгтӕ.
Ныр Дӕ фӕндонӕй стонг бавзарӕнт, кардӕй сӕ фӕмар, уадз ӕмӕ сбирӕ уой идӕдзтӕ! Сӕ цот ӕмӕ сӕ лӕгтӕй ӕнӕхай фӕуӕнт, сӕ лӕппутӕ карды амӕттаг бауӕнт хӕсты!
Ӕмӕ ныр Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уӕхиуыл ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх цӕмӕн ӕфтаут? Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй уӕхи цӕмӕн хауын кӕнут, уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ уӕ сылгоймӕгтӕ, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уӕ ноггуырд сабиты цӕмӕн сафут, удӕгасӕй уӕ куыд мачиуал баззайа, афтӕ?
Уый тыххӕй йӕ фырттӕ сахары уынгты амӕлдзысты, уыцы бон йӕ хӕстонтӕ иууылдӕр цагъды фӕуыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕз байдзаг дӕн Дунедарӕджы мастӕй, мӕ бон ӕй нал у уромын! «Сывӕллӕттыл, стӕй, уынджы чи ӕрӕмбырд, уыцы лӕппутыл ӕй ныккал! Нӕлгоймӕгтӕ ӕд устытӕ, стӕй, сӕ царды бонтӕ кӕмӕн фӕвӕййынц, уыцы зӕронд лӕгтӕ уацары бахаудзысты.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз ацы адӕмы размӕ ӕвӕрын цӕлхдуртӕ; фӕкӕлдзысты сыл, фесӕфдзысты фыдӕй, фыртӕй, сыхӕгтӕ сӕ хӕлӕрттимӕ бабын уыдзысты».
Ацы адӕмы мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холлаг суыдзысты, ӕмӕ сӕ иуварс асурӕг нӕ уыдзӕн.
Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.
Базгъордтой сахармӕ, ссыдысты къултыл, хӕдзӕрттӕм бырынц, хуыснӕджытау бахызтысты рудзгуытӕй.
Ахаудис Израилы чызг, сыстын нал у йӕ бон! Йӕ райгуырӕн зӕххыл лӕзӕры — нӕй йӕ сисӕг!
Искӕцы хӕдзары ма дӕс адӕймаджы куы баззайа, уӕд уыдон дӕр амӕлдзысты.
Ӕз адӕмыл ахӕм ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, ӕмӕ куырмытау рафт-бафт кӕндзысты, Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын кӕй фесты, уый аххосӕй. Сӕ туг алы ран зӕххы рыгау ныппырх уыдзӕн, сӕ буӕрттӕ фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.