Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 9:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Сионӕй хъуысы хъарӕг: «О, додой! Мӕнӕ нӕ куыд бастыгътой! Мӕнӕ куыд фӕхудинаг стӕм! Фӕцӕуӕм нӕ зӕххӕй, ныппырх сты нӕ хӕдзӕрттӕ!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 9:19
20 Iomraidhean Croise  

Ӕнӕсагъӕс сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕнӕмӕт чызджытӕ, ӕрбайхъусут-ма, цы уын зӕгъон, уымӕ!


Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!


Ау, Израил цагъар у? Ӕви, ахстуаты чи райгуырд, ахӕм лӕггадгӕнӕг? Цӕмӕн сси ӕфтиаг?


Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы ’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!


Иу фыдбылыз иннӕйы ивы, ӕгас бӕстӕ хӕлӕттаг фӕци. Бабын сты иу уысммӕ мӕ цатыртӕ, цӕсты фӕныкъуылдмӕ — мӕ халагъудтӕ!


Ме ’ргом уӕ аздахдзынӕн, уе ’фсымӕрты, Ефремы байзӕддӕгты, Мӕхицӕй куыд аппӕрстон, афтӕ.


Фӕлӕ уыдӕттӕ Мӕ фыддӕрагӕн кӕнынц? — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕхи фыдӕнӕн — сӕ худинагӕн!»


Дӕ дадалитӕ акъуыр ӕмӕ сӕ фехс! Къуыбыртыл хъарӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ацы фӕлтӕрӕй, чи Йӕ смӕсты кодта, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта!


Хъӕр сӕм кӕнынц: «О, фесӕфут, фӕчъизи стут! Цӕугӕут, ма ныл бандзӕвут!» Адӕмтӕ сӕ кой кӕнынц: «Мӕгуыр дзӕгъӕлдзутӕ! Ӕрцыди се сӕфт!


Нӕ исбон не знӕгтӕм куы ’рхауди, нӕ хӕдзӕрттӕ — ӕцӕгӕлӕттӕм!


Адӕймаджы фырт! Ды дӕр ныхъхъарӕг кӕн Тирыл!


Уыдоны тыххӕй зӕхх фӕчъизи ис. Ӕз зӕххӕй дзуапп ӕрдомдтон йӕ тӕригъӕды тыххӕй, ӕмӕ йӕ цӕрджыты расхуыста йӕхицӕй.


Уӕдӕ ацы зӕхх куы фӕчъизи кӕнат, уӕд уӕ йӕхицӕй расхойдзӕн, уӕ размӕ дзы чи царди, уыцы адӕмты куыд расхуыста, афтӕ.


Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнут, ӕмӕ уӕд, цӕрынмӕ уӕ цы зӕхмӕ кӕнын, уый уӕ нӕ раппардзӕн йӕхицӕй.


Сыстут ӕмӕ цӕугӕут, уымӕн ӕмӕ ацы бӕстӕйы ӕнцойдзинад нал уыдзӕн. Йе ’нӕхуыцау миты тыххӕй йӕ ӕгъатырӕй ныххӕлӕттаг кӕндзысты.


Уыцы бон адӕмӕн хынджылӕггаг суыдзыстут, додой кӕндзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: «Ныххӕлӕттаг нӕ кодтой! Мӕ адӕмы исбон мын уӕй кӕнынц! О, додой! Исынц мын мӕ исбон! Уацары нӕ чи райста, уыдонӕн нын байуӕрстой нӕ быдыртӕ!»


Саугуырмау бон-сихорафон дӕ развӕндаг уырзӕй сгардзынӕ. Дӕ хъуыддӕгтӕй ницы фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕдзухдӕр дӕ ссӕнддзысты ӕмӕ стигъдзысты, ӕмӕ дын сӕрылхӕцӕг нӕ уыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan