Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 9:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Дунедарӕг загъта: «Ӕз сын цы Ӕгъдау радтон, уый кӕй нал ӕххӕст кодтой, кӕй Мӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме ’Гъдаумӕ гӕсгӕ кӕй нӕ цардысты, уый тыххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 9:13
11 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ уын цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ цы фӕдзӕхстытӕ радтон, уыдоныл уӕ къух куы ауигъат, куынӕуал сӕ ӕххӕст кӕнат, ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын куы райдайат,


Уыдӕтты фӕстӕ ныр цы хъуамӕ зӕгъӕм мах, нӕ Хуыцау, Дӕ фӕдзӕхстытӕ дын куы ферох кодтам?!


Хуыцауы ӕгъдау чи ферох кодта, уыдон ӕнӕхуыцӕуттӕй феппӕлынц, фӕлӕ, Хуыцауы ’гъдау чи хъахъхъӕны, уыдон сӕ ныхмӕ тох кӕнынц.


Ацы ’взӕр адӕмы Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕнды, хивӕндӕй цӕрынц, ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувынц, лӕггад сын кӕнынц ӕмӕ ацы ронау ницӕмӕнуал сбӕздзысты.


Ӕмӕ сын дзуапп ратдзысты: „Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, сӕ Хуыцауимӕ, цы фидыд сарӕзтой, уый сӕ ферох ис, ӕндӕр хуыцӕуттӕм куывтой ӕмӕ сын лӕггад кодтой“».


Ӕмӕ адӕм куы фӕрсой: „Ӕппӕт адӕттӕ нын цӕмӕн ӕвзарын кӕны Дунедарӕг, нӕ Хуыцау?“ — уӕд-иу сын дзуапп ратт: „Кӕй Йӕ ныууагътат ӕмӕ уӕхи зӕххыл ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй лӕггад кодтат, уый тыххӕй ӕцӕгӕлон зӕххыл ӕндӕрбӕстӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут“.


Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, хивӕнд уыдыстут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan