Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 8:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: „Мах куырыхон стӕм, Дунедарӕджы Ӕгъдау немӕ ис“? Динамонджыты мӕнг ныхӕстӕ уыцы Ӕгъдау дӕр смӕнг кодтой!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 8:8
18 Iomraidhean Croise  

Адӕймаг йе ’нӕзондӕй зондджын ныхӕстыл схӕцы, афтӕмӕй хъӕддаг хӕрӕгӕй уӕлдай ницы ӕмбары.


Мӕлгъӕвзаджы ӕгомыг скӕны, зӕрондӕн йӕ сӕрызонд баталынг кӕны.


Зӕронд лӕгӕн йӕ кады худ — йӕ цоты цот, фырттӕ та кадджын сты сӕ фыдӕлтӕй.


Уӕ фыдӕл Йаков дӕр ракодта тӕригъӕд, уӕ раздзӕуджытӕ рацыдысты Мӕ ныхмӕ.


Фӕлӕ уыдон загътой: «Цӕй ӕмӕ Йеремиайы ныхмӕ исты фыдвӕнд саразӕм, цӕмӕй сауджынты Ӕгъдау, куырыхонты уынаффӕтӕ ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕ ма фесӕфой. Цӕуӕм ӕмӕ йыл хахуыртӕ ӕрымысӕм, ма йын байхъусӕм йӕ ныхӕстӕм».


Ӕз ацы ран Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн сӕ фӕндтӕ ӕнӕпайда фӕкӕндзынӕн, се знӕгты раз сӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕй. Сӕ мӕрдтӕ сын уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холыйӕн ратдзынӕн.


Сауджынтӕ Мӕ нал агурынц, Ӕгъдау амонджытӕ Мӕ нал зонынц. Уӕ фӕтӕгтӕ Мӕ ныхмӕ сыстадысты, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ дзурынц Баалы номӕй, ӕнӕпайда гуымирытӕн лӕггад кӕнынц.


«Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».


Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: «Мах тыхджын стӕм, хӕсты быдыры — ӕхсарджын!»


Ӕз ын ныффыстон Мӕ ахсджиаг ӕгъдӕуттӕ, фӕлӕ сӕ уый ӕнӕхъӕугӕйыл банымадта.


уыцы адӕймаджы йӕ фыд кӕнӕ йӕ мады нымайыны сӕр нал хъӕуы“. Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас баивтат уӕхи ӕгъдауӕй.


Йесо сын загъта: «Куырм куы уаиккат, уӕд уыл тӕригъӕд нӕ уаид. Фӕлӕ уӕхи цӕстджынтыл кӕй нымайут, уымӕ гӕсгӕ сымахыл нырма дӕр ис тӕригъӕд».


Сӕхи зондджынтӕ хонынц, фӕлӕ сӕ зонд фӕцыди,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan