7 Къадз дӕр ма арвыл йӕ рӕстӕг зоны, бӕлон, зӕрватыкк ӕмӕ хърихъупп дӕр зонынц се ’ртӕхыны афон. Мӕ адӕм та Дунедарӕджы ’гъдӕуттӕ нӕ зонынц!
зӕххы бынӕй дидинджытӕ скастысты; зарын афон ралӕууыд, нӕ бӕстӕйы бӕлӕтты зарын хъуысы.
Гал зоны йӕ хицауы, хӕрӕг — йӕ кӕвдӕс, израилӕгтӕ та нӕ зонынц, Мӕ адӕм та не ’мбарынц».
Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.
Сӕ бӕрӕгбӕтты — хъисфӕндыртӕ, дыууадӕстӕнонтӕ, далатӕ, уадындзтӕ ӕмӕ сӕн, Дунедарӕг цы аразы, уымӕ та нӕ кӕсынц, Йӕ хъуыддӕгтыл Ын нӕ хъуыды кӕнынц.
«Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».
Уый тыххӕй сӕм тар хъӕдӕй ӕрбабырста домбай, быдираг бирӕгъ сӕ ӕргӕвды, сӕ сахарты цур бабады фыранк: сахарӕй чидӕриддӕр рацӕуа, уый аскъуыдтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахатӕн кӕрон нал ис».
Ӕгъдау йӕ тых дӕр уымӕн фесӕфта, рӕстдзинад нал ис. Ӕнӕхуыцау фӕуӕлахиз рӕстгӕнӕгыл, раст тӕрхон сзыгъуыммӕ ис.
Ӕз хӕрдмӕ скастӕн ӕмӕ федтон: кӕцӕйдӕр фӕзындысты дыууӕ базырджын сылгоймаджы. Сӕ базырты мидӕг уыди дымгӕ, сӕ базыртӕ — кӕсагласы базыртау. Мигӕнӕн фелвӕстой ӕмӕ йӕ уӕртӕ арв ӕмӕ зӕххы астӕу фӕхӕссынц.