Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 8:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Ау, Галаады ӕвдадзы хос нӕй? Ау, иу дохтыр дзы нал ис? Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхы амал цӕуылнӕ ис?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 8:22
17 Iomraidhean Croise  

Ӕфсымӕртӕ къӕбӕр хӕрыныл куыд ӕрбадтысты, афтӕ кӕсынц, ӕмӕ Галаады ’рдыгӕй ӕрбацӕуы измаелонты чырӕ — сӕ теуатыл Мысырмӕ ластой хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, ӕвдадз ӕмӕ буд.


Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрзтӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, буд ӕмӕ ӕхсӕртӕ — фисташкӕтӕ ӕмӕ миндал.


Ау, Иудейы бынтон аппӕрстай Дӕхицӕй? Ау, Сион Дын ӕнӕуынон сси? Ахӕм цӕф нын цӕмӕн ныккодтай? Сдзӕбӕхы амал нын куынӕуал ис! Сабырдзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм сдзӕбӕхмӕ, нӕ алыварс та — ӕвирхъау бӕллӕхтӕ.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг иудейаг паддзахы хӕдзары тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ды Галаад ӕмӕ Ливаны хӕхтау лӕууыс Мӕ разы, фӕлӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ сахарты цӕрӕг нал баззайдзӕн.


Мысыры чызг, Галаадмӕ ацу, ӕвдадзы хос ӕрхӕсс дӕхицӕн! Хосагурӕг дзӕгъӕлы зилыс — сдзӕбӕх уӕвӕн дын нӕй.


Фӕлӕ Вавилон ӕвиппайды ӕрхауд ӕмӕ ныззыгуым ис. Дзыназут ыл! Йӕ хъӕдгӕмттӕн ын ӕвдадзы хос ӕрбахӕссут, чи зоны, ӕмӕ сдзӕбӕх уа».


Донгуырӕны дон куыд пӕлхъ-пӕлхъ кӕны, уыйау фыдмитӕ, стыгъд ӕмӕ тыхми пӕлхъ-пӕлхъ кӕнынц сахары, Мӕ цӕстыты раз ӕдзух — цӕфтӕ ӕмӕ хъӕдгӕмттӕ!


Мӕ сӕр куы фестид ӕнӕхъӕнӕй цӕссыгтӕ, мӕ цӕстытӕ — цӕссыгдоны гуырӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй уӕд дзыназин ӕз мӕ адӕмӕн сӕ мӕрдтыл!


«Йерусалимы сахар Ӕз хӕлддзӕгты кӕри фестын кӕндзынӕн, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат. Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, цӕрӕг сӕ нал ныууадздзынӕн».


Йерусалим! Цӕуыл дӕ абарон, цы дын зӕгъон? Куыд дӕ ’рсабыр кӕнон, Сионы чызг!? Ӕнӕбын денджызау у арф дӕ рыст. Кӕй бон у сдзӕбӕх кӕнын дӕу?


Демӕ базар кодтой Иудей ӕмӕ Израил. Дӕ базайрӕгты ныхмӕ дын лӕвӕрдтой Миннитӕй ласт мӕнӕу, легъуитӕ, мыд, оливӕйы сой ӕмӕ ӕвдадз.


Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕм рӕгъӕуттӕ тынг бирӕ уыди. Йазер ӕмӕ Галаады бӕстӕтӕ куы федтой, уӕд сӕм стурвос хизынӕн хорз фӕкастысты.


Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг йӕ цӕуынӕй не ’нцад. Йе ’ппӕт мулк дӕр дохтыртыл бахардз кодта, фӕлӕ йӕ сдзӕбӕх кӕнын никӕй бон баци.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan