Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 8:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 «Ӕз уӕм ӕрвитын маргджын кӕлмыты, кӕлӕнтӕ сыл нӕ тых кӕнынц, хӕцдзысты уыл», — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 8:17
9 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕппӕт адӕмты бафхӕрынмӕ раст! Гадзрахатӕй Дыл чи рацыд — иунӕгыл дӕр ма бацауӕрд!


Калмӕн фӕхӕцыны бар куы радтай, уӕд, кӕлмытӕн кӕлӕнтӕ кӕнынмӕ цыфӕнды дӕсны куы уай, уӕд дӕр дзы пайда нал уыдзӕн.


«Филистимӕгтӕ, ма цин кӕнут, цы лӕдзӕгӕй уӕ надтой, уый кӕй ныппырх ис, ууыл, уымӕн ӕмӕ маргджын калмы уидагӕй райгуырдзӕнис калм, уымӕй та — фат-калм.


Уыцы бон, цыма адӕймаг домбайӕ фӕцӕйлыгъд ӕмӕ ӕвиппайды йӕ размӕ арс фӕци, хӕдзармӕ балыгъд, йӕ къухӕй къулыл андзӕвыд ӕмӕ йыл калм фӕхӕцыд, уый хуызӕн у.


Кармелы хохы цъуппыл куы бамбӕхсой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн ӕмӕ сӕ ’рцахсдзынӕн; денджызы бын Мӕ куы бамбӕхсой, уӕд сыл денджызы калмы сардаудзынӕн, цӕмӕй сыл фӕхӕца.


Ӕмӕ Дунедарӕг маргджын кӕлмыты ахӕсты фӕкодта адӕмы, ӕмӕ израилӕгтӕй дзӕвгар фӕмарди уыдоны хӕстӕй.


Стонгӕй мӕлдзысты, тӕвднизӕй сӕйдзысты, рын сыл сыстдзӕни. Сырды ссыртыл ӕфтыд фӕуыдзысты, калмы маргӕй цагъды кӕндзысты.


Уымӕн ӕмӕ бӕхтӕн сӕ хъару уыди сӕ комы ӕмӕ сӕ къӕдзилты. Сӕ къӕдзилтӕ та уыдысты кӕлмыты ӕнгӕс, уыди сын сӕртӕ, ӕмӕ уыцы сӕртӕй знаггад кодтой адӕмӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan