Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 8:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Данӕй бӕхты хуыррыт хъуысы, зӕхх нынкъуысы уырсыты мыр-мырӕй! Ӕрбацыдысты знӕгтӕ, ныхъуырынц зӕхх, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 8:16
22 Iomraidhean Croise  

Мӕтыхау ӕй размӕ згъорын ды сахуыр кодтай? Йӕ хуыррыттӕй алчи зӕрдӕдзӕф куы кӕны!


Давиды псалом. Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи.


Дӕу чи нӕ зоны ӕмӕ Дын Дӕ ном чи нӕ ары, уыцы адӕмтыл Дӕ маст ныккал, уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой, бабын кодтой Йаковы, йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кодтой.


Не ’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ нын уыцы ӕлгъӕгтӕ ныхъуырдтой нӕ фыдӕлты фӕллӕйттӕ, сӕ фысты ӕмӕ сӕ хъуццыты, сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты.


Фӕлӕ дӕ чидӕриддӕр ныхъуыры, уыдонӕн сӕхи дӕр аныхъуырдзысты, де знӕгтӕ сӕхӕдӕг уацары ацӕудзысты, хӕлӕттаг дӕ чи фӕкодта, уыдонӕн сӕхи дӕр сафтид кӕндзысты, чи дӕ стыгъта, уыдоны бастигъдзысты.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕбуалгъ тасы хъӕртӕ хъусӕм, бӕстӕ схъомпал, нал ис сабырдзинад.


Хӕхтӕм кӕсын, ӕмӕ ӕнкъуысынц, къуыбыртӕ ӕмризӕджы нырризынц.


Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Уыцы адӕм дын аныхъуырдзысты дӕ тыллӕг ӕмӕ дӕ хор, дӕ фыртты ӕмӕ дӕ чызджыты, дӕ фысты ӕмӕ дӕ галты, дӕ сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ дӕ легъуи бӕлӕстӕ. Бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ — ныфсджын кӕмӕй дӕ, уыдон — ныддӕрӕн кӕндзысты кардӕй.


Сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ — кард ӕмӕ ӕрдын. Хъӕхъхъаг сты, хатыр нӕ зонынц, хъӕр кӕнынц денджызы уынӕрау. Хӕстонтӕ сӕ бӕхтыл хӕстӕввонгӕй згъорынц, цӕмӕй дӕ ныхмӕ схӕцой, Вавилоны чызг!


Зӕхх ӕнкъуысы ӕмӕ ризы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ныридӕгӕн ӕххӕст кӕны, Вавилоны тыххӕй цы снысан кодта, уый: Вавилоны зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнын, цӕрӕг дзы куыннӕуал баззайа, афтӕ.


Ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕй — ифтонг, ӕгъатыр ӕмӕ дурзӕрдӕ сты уыдон. Сӕ хъӕр у денджызы гуыр-гуырау, ӕфсӕддонтӕ хӕстӕввонгӕй згъорынц сӕ бӕхтыл дӕ ныхмӕ хӕцынмӕ, Сионы чызг!»


Ехсы къӕрццытӕ, цӕлхыты гыбар-гыбур хъуысынц, бӕхты мыр-мыр цӕуы, тохуӕрдӕттӕ гыбар-гыбур кӕнынц.


ныррызтысты Дӕ уындӕй хӕхтӕ. Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй, фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта, йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.


Уымӕн ӕмӕ, «зӕхх, стӕй йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Дунедарӕджы исбон сты».


Фӕлӕ уын исчи куы зӕгъа: «Уый мӕнгхуыцауӕн хаст нывонд у», уӕд зӕгъӕгӕй ма фефсӕрмы кӕнут ӕмӕ дзы ма бахӕрут.


Сахар схуыдтой Дан — сӕ рагфыдӕл Даны, Израилы фырты, номыл. Раздӕр та сахар Лаиш хуынди.


Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.


Уӕ, сӕ бӕхтӕ куы фезгъорынц знӕгтӕн!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan