11 Ӕнӕсӕрфатӕй дзӕбӕх кӕнынц Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, афтӕмӕй сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй.
Уыцы рӕстӕг паддзахы минӕвар дӕр бахӕццӕ Михамӕ ӕмӕ йын загъта: «Пехуымпартӕ ӕмдзыхӕй хӕрзмӕ пехуымпариуӕг кӕнынц паддзахӕн. Ды дӕр уыдоны бафӕзм ӕмӕ хӕрзмӕ пехуымпариуӕг кӕн».
Израилы паддзах фӕсидти пехуымпартӕм, иу-цыппарсӕдӕ лӕгмӕ, ӕмӕ сӕ бафарста: «Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕцон ӕви нӕ?» «Схӕц, — дзуапп ын радтой уыдон, — Дунедарӕг дын ӕй дӕ къухтӕм ратдзӕн».
Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Пехуымпартӕ сын дзурынц: „Сымах кард нӕ фендзыстут ӕмӕ стонг нӕ бавзардзыстут. Ӕз уын ацы бынаты балӕвар кӕндзынӕн фидар сабырдзинад“».
Ӕлгъ Мыл чи кӕны, уыдонӕн дзурынц: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: сабырдзинад уыдзӕн уӕ зӕххыл». Хивӕндӕй чи цӕры, уыцы адӕмы сайынц: «Фыдбылызтӕ уыл не ’рцӕудзысты».
Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕх кӕнынц ӕнӕсӕрфатӕй, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, афтӕмӕй сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй.
Сабыр цардыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, сдзӕбӕхмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ фӕзынд ӕвирхъау тас!
Дӕ пехуымпартӕ дӕ фӕсайдтой: дӕ тӕригъӕдтӕм дын нӕ амыдтой! Уӕ, дӕу нӕ бахъахъхъӕдтой уацарӕй! Сӕ рагуацтӕ уыдысты мӕнг!
Уӕ фӕливӕнтӕй рӕстгӕнӕджы кӕй ӕфхӕрут, Ӕз ӕй ӕфхӕринаг нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй, ӕмӕ ӕнаккагыл фӕстӕмӕ кӕй хӕцут, ома йе ’нӕуаг митӕ ма ныууадза ӕмӕ йӕ уд ма фервӕза, зӕгъгӕ,
Цыфӕнды фӕлитой дӕр исты куы ӕрымысид ӕмӕ куы зӕгъид, сӕн ӕмӕ махсымӕйӕн уӕм ныккӕнӕн дӕр нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ацы адӕмӕн хорз пехуымпар суаид.
Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.