Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 8:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзӕхты ӕмӕ стыр хицӕутты стджытӕ, стӕй сауджынты, пехуымпарты ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты стджытӕ ингӕнтӕй раппардзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 8:1
12 Iomraidhean Croise  

Нывондхӕссӕны ’рдӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй ныхъхъӕр кодта: «Нывондхӕссӕн, нывондхӕссӕн! Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Давиды хӕдзарвӕндаджы рантысдзӕни фырт, йӕ ном — Иосиа. Ӕмӕ дыл уый нывондӕн ӕрхӕсдзӕни кувӕн къуыбырты сауджынты, дӕуыл нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыдоны, басудздзӕни дыл адӕймӕгты стджытӕ».


Иосиа уым афӕлгӕсыди хохыл ӕмӕ, зӕппӕдзтыл йӕ цӕст куы ’рхӕцыд, уӕд сын сӕ хуылфӕй мӕрдты стджытӕ рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта. Афтӕмӕй ӕгады гакк сӕвӕрдта Вефилы нывондхӕссӕныл, раздӕр Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг куыд фехъусын кодта, афтӕ.


Стӕй уыцы куывддонты нывондхӕссӕнтыл аргӕвдын кодта кувӕн къуыбырты ӕппӕт сауджынты. Нывондхӕссӕнтыл басыгъта мӕрдты стджытӕ дӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ раздӕхти.


Хуымы фаджысау суыдзӕн йӕ мард Изреелы быдыры, ӕмӕ ничиуал зӕгъдзӕн, уый Иезавел у, зӕгъгӕ».


Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ, Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.


Ӕмӕ, пехуымпариуӕг цы адӕмӕн кӕнынц, уыдон дӕр кард ӕмӕ стонгӕй фесӕфдзысты. Йерусалимы уынгты лӕзӕрдзысты ӕмӕ сӕ баныгӕнӕг нӕ уыдзӕн — сӕхи дӕр, стӕй сӕ устытӕ, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр. Цы фыдбылызы аккаг сты, уый сын Ӕз бавзарын кӕндзынӕн.


Дунедарӕг мыл ӕруагъта Йӕ арм, Йӕ Уды хъомысӕй мӕ систа ӕмӕ мӕ дӕлвӕзы астӕу сӕвӕрдта. Дӕлвӕз йедзаг уыди стджытӕй.


Уӕ нывондхӕссӕнтӕ ныггӕныстон уыдзысты, хуры кадӕн уӕм цы будсудзӕн цӕджындзтӕ ис, уыдон дӕрӕнгонд ӕрцӕудзысты, уӕ мӕрдты уын уӕ гуымирыты раз аппардзынӕн.


Израилӕгты мӕрдтӕ Ӕз сӕвӕрдзынӕн сӕ гуымирыты раз, уе стджытӕ уын уӕ нывондхӕссӕнты алыварс ныххӕлиу кӕндзынӕн.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Моавы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ Едомы паддзахӕн йӕ мардыл дӕр нӕ бацауӕрстой, басыгътой йӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan