Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 7:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 уӕд уӕ Ӕз ацы ран, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл, мыггагмӕ цӕргӕйӕ ныууадздзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 7:7
12 Iomraidhean Croise  

Ӕз израилӕгты, сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уымӕй никуыуал фӕхауӕццаг кӕндзынӕн, кӕд, цыдӕриддӕр сын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ, Моисейы уылты сын кӕй радтон, уыцы Ӕгъдау, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕной, уӕд».


Идӕдз ус ӕмӕ сидзӕры ма ’фхӕр.


Тӕхуды ӕмӕ мӕм куы байхъусиккат! Уӕд зӕххы фарнӕй бафсӕдиккат.


Уыдон уын дзырдтой: «Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ ныууадзӕд, ӕмӕ цӕрут, Дунедарӕг сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн мыггагмӕ кӕй радта, уыцы зӕххыл.


Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасмӕ хъусут, ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Йӕ фӕндон аивдзӕн, рагацау уын цы бӕллӕх снысан кодта, уый уын нал бавзарын кӕндзӕн.


Уыцы заман Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Израилы фӕстагӕттӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ цӕгаты зӕххӕй, Ӕз уӕ фыдӕлтӕн исбонӕн кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ ацӕудзысты».


Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.


«Израил, куы раздӕхай, — зӕгъы Дунедарӕг, — куы Мӕм раздӕхай ӕмӕ де ’лгъӕгтӕ Мӕ разӕй куы айсай, хъеллау куынӕуал кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕй ард куы бахӕрай, ӕцӕг ӕмӕ рӕстаг куы уа дӕ сомы, уӕд дӕ фӕрцы адӕмтӕ арфӕгонд уыдзысты ӕмӕ дӕ стаудзысты».


Ӕз хъуыды кодтон: ацы сахары цӕрджытӕ Мӕ тӕрсдзысты, Мӕ зондамынд Мын сӕ зӕрдӕтӕм айсдзысты, ӕмӕ сын уӕд сӕ цӕрӕнбынат нӕ фесафдзынӕн, Мӕ азар сӕ нӕ баййафдзӕн. Фӕлӕ уӕ хъуыддӕгтӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой.


Ӕххӕст Ын кӕнут Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ, мӕнӕ уын ӕз кӕй амонын ныр, уыдон, ӕмӕ хорз уыдзӕн сымахӕн ӕмӕ уӕ фӕстагӕттӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзыстут, ӕнустӕм уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй хай кӕны, уыцы бӕсты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan