Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 7:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Ӕппӕт уыдӕттӕ сын куы дзурай, уӕд дӕм нӕ байхъусдзысты, сиддзынӕ сӕм, фӕлӕ дын дзуапп нӕ ратдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 7:27
11 Iomraidhean Croise  

Куы уӕм-иу ӕрцыдтӕн, уӕд-иу уӕ Мӕ размӕ куыд ничи рацыд? Куы уӕм-иу бадзырдтон, уӕд-иу Мын дзуапдӕттӕг куыд ничи фӕцис? Сымах ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Мӕ къух фӕцыбыр ис, Ӕз сӕдых дӕн ӕмӕ сымах фервӕзын кӕнынхъом нал дӕн. Фӕлӕ Ӕз Ме ’ртхъирӕнӕй басур кӕнын денджыз, цӕугӕдӕттӕ фестын кӕнын сыгъд быдыр, ӕмӕ сӕ кӕсӕгтӕ бамбийынц ӕнӕ донӕй, дойныйӕ ныххӕдмӕл вӕййынц.


Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, сӕргӕвддзысты уӕ фосау! Уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз сидтӕн, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат, дзырдтон, фӕлӕ сымах нӕ хъуыстат, ӕнӕуынон Мын цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдоныл бафтыдыстут».


Уыдон тох кӕндзысты дӕ ныхмӕ, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ арм дыл дардзынӕн».


Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта: «Ӕвзонг дӕн, зӕгъгӕ, ма дзур; кӕдӕм дӕ ӕрвитон, уырдӕм цӕудзынӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ дзурдзынӕ.


«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты ӕрлӕуу ӕмӕ, Иудейы сахарты цӕрджытӕн, бакувынмӕ чи ӕрбацыди, уыдонӕн, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ иууылдӕр фехъусын кӕн, иу дзырд дӕр дзы ма фӕуадз.


Дунедарӕг сӕм куы сидти, уӕд Ӕм уыдон куыд нӕ хъуыстой, афтӕ сӕ Ӕз дӕр, куы сидой, уӕд нӕ фехъусдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Уымӕн ӕмӕ ӕз алцыдӕр сарӕзтон, цӕмӕй уын Хуыцауы фӕндон фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan