22 Фӕлӕ уӕ Мысырӕй куы ракодтон, уӕд Ӕз уӕ фыдӕлтӕн иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндты тыххӕй ницы бафӕдзӕхстон.
Мӕ фыдгултӕ, ме сӕфтмӕ бӕлгӕйӕ, дзурынц: «Цымӕ кӕд ныммӕлдзӕни, кӕд фесӕфдзӕни йӕ кой?»
Уымӕн ӕмӕ Иудей ӕмӕ Израилы фырттӕ се ’взонджы бонтӕй абонмӕ Мӕ разы ӕрмӕст фыдракӕндтӕ кодтой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ ӕрмӕстдӕр мӕсты кодтой, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Уымӕн ӕмӕ Мӕ нывонд нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ, иууылсудзинаг нӕ, фӕлӕ — Хуыцауы базонын.
Ацӕут ӕмӕ базонут, мӕнӕ ацы ныхӕстӕ цы амонынц, уый: „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ“. Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстгӕнджытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ».
Ӕмӕ „Йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт хъаруйӕ уарзын“, стӕй, „дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарзын“ — уый ӕппӕт иууылсудзинаг ӕмӕ ӕппӕт иннӕ нывӕндтӕй ахсджиагдӕр у».
Йӕ ныхасы сӕрты ахизгӕйӕ, исчи ӕндӕр хуыцӕуттӕн, хур, мӕй кӕнӕ стъалытӕн куы лӕггад кӕна ӕмӕ-иу сын куы бакува,
Самуел ын загъта: «Ау, Дунедарӕгӕн иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ Йӕ дзырдмӕ Йын хъусынӕй ӕхцондӕр фесты? Нӕ! — уисӕн кӕнын хуыздӕр у нывондӕй, коммӕ кӕсын та — тохъхъылты фиуӕй.