21 Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уӕ иннӕ нывӕндтимӕ-иу иууылсудзинӕгтӕ дӕр хӕссут ӕмӕ дзидза хӕрут.
Ӕнувыд зӕрдӕ ӕхцон у Дӕуӕн, Дӕ уӕлзондӕй мын срухс кодтай мӕ миддуне.
Уӕ фыстӕй Мын нӕ хастат иууылсудзинаг, ницы нывӕндтӕ Мын кодтат Мӕ кадӕн. Нӕ уӕ домдтон Мӕхицӕн хойраджы хуынтӕ, нӕ уӕ тыхсын кодтон, буд Мын судзут, зӕгъгӕ.
Ком куы дарой, уӕд сын Ӕз сӕ кӕуын нӕ фехъусдзынӕн. Уыдон Мын иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ ӕрхӕсдзысты, фӕлӕ сӕ Ӕз нӕ айсдзынӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн!»
Савайӕ Мын ласынц буд, дард бӕстӕй — хӕрздӕфгӕнаг хъӕз. Цӕмӕн Мӕ хъӕуынц уыдӕттӕ? Уӕ иууылсудзинӕгтӕ Мын ӕхсызгон не сты, хъыг Мын сты уӕ нывӕндтӕ».
Уымӕ гӕсгӕ сын фехъусын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: сымах дзидза тугимӕ хӕрут, уӕ гуымирытӕм уе ’ргом аздӕхтат, туг калут ӕмӕ ма ноджы зӕхх дӕр уӕхи бакӕнинаг стут?
Нывӕндтӕ мын ӕрхӕссынц ӕмӕ сын сӕ дзидза хӕрынц, фӕлӕ сын сӕ Дунедарӕг нӕ айсы. Уый сын ӕрхъуыды кӕндзӕн сӕ тӕригъӕдтӕ, бафхӕрдзӕн сӕ, ӕмӕ Мысырмӕ раздӕхдзысты.
Дӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ, ӕд фыд ӕмӕ ӕд туг, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕныл судзгӕ сты. Дӕ иннӕ нывӕндты туг-иу акал Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕны раз, дзидза та хӕр.