Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 7:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Сывӕллӕтӕ сугтӕ ӕмбырд кӕнынц, сӕ фыдӕлтӕ арт ссудзынц, сылгоймӕгтӕ та хыссӕ скӕнынц, цӕмӕй уӕларвы ус-хуыцауӕн гуылтӕ фыцой. Цӕмӕй Мӕн смӕсты кӕной, уый тыххӕй ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн ӕмӕ сойы хуынтӕ ӕрбахӕссынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 7:18
28 Iomraidhean Croise  

Ды та, дӕ размӕ чи уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр разындтӕ ӕвзӕрдӕр. Иуварс Мӕ фехстай дӕ зӕрдӕйӕ, дӕхицӕн скодтай ӕндӕр хуыцӕуттӕ, джиппыуагъд гуымирытӕ ӕмӕ Мӕ смӕсты кодтай.


«Ницӕйаг уыдтӕ, уӕддӕр дӕ скодтон Мӕ адӕмы, Израилы, фӕтӕг. Фӕлӕ ды бафӕзмыдтай Йоровамы, Мӕ адӕмы Мын тӕригъӕдты бафтыдтай, цӕмӕй Мӕ мӕсты кӕной сӕ тӕригъӕдтӕй.


Адӕмӕн сӕ бар сӕхи у, фӕлӕ ӕз Дӕ дзырды сӕрты никуы ахызтӕн, мӕхи хъахъхъӕдтон фыдгӕнӕджы фӕндӕгтӕй.


Йерусалим йӕ бындзарӕй нынкъуысыд, саст ӕрцыдис Иудей, уымӕн ӕмӕ адӕм дзыхы ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр Дунедарӕджы ӕфхӕрдтой, йӕ ныхмӕ рацыдысты ӕргом.


Къададӕтты дойнаг дуртӕ — уӕ хай, уӕ амонд. Уыдонӕн ӕрбахӕссут сӕн, лӕвар сын кӕнут хойраджы хуынтӕ. Ӕмӕ Ӕз уыдӕттӕй райгонд куыд хъуамӕ уон?


Сымах та, Мӕныл йӕхи чи атигъ кодта, Мӕ уаз хох кӕмӕй ферох ис, Гадӕн фынгтӕ чи ӕвӕры, Менийӕн, алы хъацӕнтӕ кӕуыл ис, ахӕм сӕнӕй кӕхцытӕ чи байдзаг кӕны, уыдоны,


Ӕнӕсцухӕй Мӕ ӕргом ӕфхӕрынц сӕ митӕй. Сӕ кувӕн къохты сӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хӕссынц нывӕндтӕ, ӕмбӕрзӕн дурӕй ӕхгӕд уӕлхӕдзӕрттыл судзынц буд,


Сӕ фыдракӕндты аххосӕй сын Ӕз цы тӕрхон рахастон, уый сын фехъусын кӕндзынӕн: ферох Мӕ кодтой, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сӕхи къухӕй конд гуымирытӕм куывтой.


Фыдбылыз дыл бафтыдта Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Чи дӕ ныссагъта, Уый, уымӕн ӕмӕ Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ фыдракӕндтӕ фӕкодтой, Баалӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕй сыгътой, уымӕй Мӕ мӕсты кодтой».


Раст цыма сӕ цот сты, уыйау сӕ нӕ рох кӕнынц сӕ нывондхӕссӕнтӕ, къабузджын бӕлӕсты раз ӕмӕ бӕрзонд къуыбыртыл — Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Йерусалимы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуантӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл ӕппӕт стъалытӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн кӕмдӕриддӕр калдтой, уыцы хӕдзӕрттӕ иууылдӕр Тофетау фӕчъизи уыдзысты“».


Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ уӕхи фыдӕнӕн мӕсты кодтат.


Сахарыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты. Израилӕгтӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл Баалӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ сӕн кӕм калдтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, цӕмӕй Мӕн мӕсты кӕной, уый тыххӕй, уыцы хӕдзӕрттӕ басудздзысты.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: уӕ устытимӕ цӕмӕйдӕриддӕр зӕрдӕ бавӕрдтат, уыдӕттӕ кодтат! Сымах загътат: «Сӕххӕст кӕндзыстӕм нӕ сомы, уӕларвы ус-хуыцауӕн буд судздзыстӕм ӕмӕ йын сӕн калдзыстӕм». Уӕдӕ сӕххӕст кӕнут уӕ сомытӕ!


Ӕз сӕм ӕрвылбон ӕрвыстон Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ: «Уе ’лгъаг митӕ ныууадзут, ӕнӕуынон Мын сты».


Ау, Иудейы сахарты ӕмӕ Йерусалимы уынгты цытӕ кӕнынц, уый нӕ уыныс?


Нӕ тырынтӕ куыройы фыдтӕ зилынц, фӕкӕлынц сугты бын нӕ лӕппутӕ!


Ды ӕнӕуаг митӕ кодтай мысырӕгтимӕ, дӕ сыхаг уӕйыгӕнгӕс адӕмимӕ, дӕ хъахбай митӕ сбирӕ сты, ӕмӕ Мӕ смӕсты кодтай.


Ӕз сӕ ӕрбакодтон, сомы сын ракӕнгӕйӕ, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ, фӕлӕ адон сӕхицӕн бацагуырдтой алы къуыбыр ӕмӕ алы къабузджын бӕлас, ӕмӕ-иу ахӕм къуыбырыл, кӕнӕ ахӕм бӕласы бын аргӕвстой сӕ нывондӕгтӕ. Уыцы рӕтты-иу ӕрӕвӕрдтой сӕ хуынтӕ, хӕрздӕф буд-иу ссыгътой ӕмӕ калдтой сӕн“.


Дунедарӕг мӕ бакодта Кувӕндоны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕрмӕ, тыргътӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн, фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы лӕууы. Сӕ чъылдымтӕ сарӕзтой Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ, се ’ргом та хурыскӕсӕнмӕ ӕмӕ хурыскӕсӕнӕрдӕм хурӕн куывтой.


Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг? Иудейы адӕм ацы ран цы ’лгъаг митӕ кӕнынц, уыдон сын фаг не сты! Нӕ, фӕлӕ ма ӕгас бӕстӕ байдзаг кодтой фыдмитӕй ӕмӕ Мын ноджы тынгдӕр ссыгътой Мӕ маст. Кӕс-ма, къалиутӕ сӕ фындзтӕм куыд схӕссынц, уымӕ.


Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?


Кӕйдӕрты фӕзмгӕйӕ, цы гуымирытӕ сарӕзтой, уыдонӕй Йын Йӕ маст ссыгътой, се ’лгъӕгтӕм сын смӕсты ис.


Сӕхицӕн гуымирытӕ сарӕзтой, смӕсты Мӕ кодтой, ӕмӕ Ӕз та афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ адӕм схонӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдонмӕ хӕлӕг кӕндзысты. Уадз ӕмӕ уыцы ӕнӕфенд адӕммӕ мӕстӕй судзой.


Арвыл хур, мӕй, стъалытӕ, ӕппӕт уӕларвӕфсады уындӕй уӕ зӕрдӕ ма бацыбӕл уӕд уыдонӕн кувынмӕ: арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдонӕн сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan