Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 7:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 уый тыххӕй Ӕз, Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис ӕмӕ уӕ зӕрдӕ кӕуыл дарут, уымӕн, стӕй, сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕн, Силомӕн цы бакодтон, уый бакӕндзынӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 7:14
28 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ басыгъта Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан, стӕй стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр.


Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн-иу йӕ цурты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ фӕрсдзӕн: „Ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг афтӕ цӕй тыххӕй бакодта?“


Нӕ фыдӕлтӕ Дын кад кӕм кодтой, уыцы Кувӕндон арты хай баци, йӕ хӕзнатӕ стигъджыты баисты.


Ӕз ныууагътон Мӕ Хӕдзар ӕмӕ Мӕ исбон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр Мын цы у, уый знӕгты къухтӕм радтон.


уый тыххӕй уӕ Ӕз бынтондӕр ферох кӕндзынӕн, ныууадздзынӕн уын уӕхи дӕр ӕмӕ сымахӕн, стӕй уӕ фыдӕлтӕн цы сахар радтон, уый дӕр.


«Иудейы паддзах Езекиайы заман пехуымпариуӕг кодта Морешетаг Миха. Уый ӕппӕт иудейӕгтӕн дзырдта: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, ацы Кувӕндон цы хохыл арӕзт ӕрцыд, уый та фестдзӕнис хъӕд“.


Зӕгъ сын: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: куынӕ Мӕм байхъусат ӕмӕ, кӕй уын радтон, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куынӕ цӕрат,


Уый фӕстӕ ӕрбацӕут ӕмӕ, Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис, уым Мӕ разы ӕрлӕуут ӕмӕ фӕзӕгъут: „Мах фервӕзтыстӕм!“ — цӕмӕй та дарддӕр ӕппӕт уыцы ӕлгъаг митӕ кӕнат.


— Уӕдӕ ацӕут Силоммӕ, Мӕ номӕн раздӕр цы бынат снысан кодтон, уырдӕм: Мӕ адӕмы, Израилы, фыдракӕндты тыххӕй Силомӕн цытӕ бакодтон, уый фенут.


Уӕ зӕрдӕ ма дарут мӕнг ныхӕстыл: „Ам ис Дунедарӕджы Кувӕндон!“


Йӕ нывондхӕссӕн фехста, Йӕ Кувӕндонмӕ нал цӕуы ӕмгӕрон. Сионы галуантӕ фыдгулты къухтӕм радта, сӕ уынӕр хъуысы Дунедарӕджы хӕдзарӕй, — бӕрӕгбон сын у ныр!


О, додой! Куыд ныссау ис сыгъдӕг сыгъзӕрин! Кувӕндоны зынаргъ дуртӕ алы тигътыл ныххӕлиу сты!


Дӕ хойы бафӕзмыдтай, ӕмӕ Ӕз дӕуӕн дӕр бадардзынӕн, уый кӕй бануӕзта, уыцы фыдӕхы кӕхц».


цӕмӕй ӕз Израилы адӕмӕн зӕгъон: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз фӕчъизи кӕндзынӕн Мӕ Кувӕндон — уӕ хъомысы цӕджындз, уӕ цӕстырухс, уӕ удлӕууӕн. Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ та, сахары кӕй ныууагътат, уыдон, карды амӕттаг бауыдзысты“.


Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхицӕн бынат равзардзӕн. Уыцы бынат уыдзӕни Йӕ номыл, ӕмӕ-иу уырдӕм цӕут.


Уыдон уӕ уынгӕг кӕндзысты уӕ бӕстӕйы алы сахары дӕр, цалынмӕ, уӕ зӕрдӕ кӕуыл лӕууы, уыцы бӕрзонд ӕмӕ фидар гӕнӕхтӕ ӕрызгъӕлой, уӕдмӕ. Ӕрхъула кӕндзысты, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы бӕстӕйы алы сахарыл дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan