Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 7:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 — Уӕдӕ ацӕут Силоммӕ, Мӕ номӕн раздӕр цы бынат снысан кодтон, уырдӕм: Мӕ адӕмы, Израилы, фыдракӕндты тыххӕй Силомӕн цытӕ бакодтон, уый фенут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 7:12
13 Iomraidhean Croise  

уӕд Израилы адӕмы рамӕрздзынӕн, цы зӕхх сын радтон, уымӕй, Мӕхи атигъ кӕндзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цы Кувӕндон срухс кодтон, ууыл дӕр, ӕмӕ Израилы адӕмыл худдзысты ӕмӕ сын фидис кӕндзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.


уӕд Ӕз ацы хӕдзарӕн, Силомӕн цы бакодтон, уый бакӕндзынӕн, ацы сахар ӕппӕт зӕххы адӕмтӕ куыд ӕлгъитой, афтӕ“».


уый тыххӕй Ӕз, Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис ӕмӕ уӕ зӕрдӕ кӕуыл дарут, уымӕн, стӕй, сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕн, Силомӕн цы бакодтон, уый бакӕндзынӕн!


уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон.


Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхицӕн бынат равзардзӕн. Уыцы бынат уыдзӕни Йӕ номыл, ӕмӕ-иу уырдӕм цӕут.


Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.


Силомы, Дунедарӕджы раз, Йешуа хӕлттӕ сӕппӕрста ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл зӕхх байуӕрста.


Уыдон, Миха кӕй сарӕзта, уыцы кӕрдгӕныв сӕхимӕ сӕвӕрдтой, ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы хӕдзар Силомы уыди, уӕдмӕ уыдис уыдонмӕ.


Лӕг-иу алы аз дӕр йӕ сахарӕй араст ис Силоммӕ, цӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ скува ӕмӕ Йын нывонд ӕрхӕсса. Уым Дунедарӕджы сауджынтӕ уыдысты Елиа ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты, Хофни ӕмӕ Пинхас.


Уый загъта: «Израил ӕнӕхай фӕци йӕ кадӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ бахауд».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan