Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 7:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕмӕ, Мӕ ном цы хӕдзар хӕссы, уый, сымахмӕ гӕсгӕ, абырджыты лӕгӕт сси?! Ӕз уыдӕттӕ иууылдӕр уынын! — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 7:11
16 Iomraidhean Croise  

уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын сӕххӕст кӕн йӕ курдиат. Афтӕмӕй Дын ӕппӕт адӕмтӕ дӕр базондзысты Дӕ ном ӕмӕ Дын аргъуыц кӕндзысты Дӕ адӕм Израилау. Уадз ӕмӕ зоной, ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уый кӕй хӕссы Дӕ ном.


Чи уӕ домы Мӕ Кувӕндонмӕ цӕуын? Мӕ кӕртытӕ Мын уӕ къӕхтӕй цы ссӕндут?


уыдоны Ӕз се ’ппӕты дӕр фӕхондзынӕн Мӕ уаз хохмӕ. Мӕ кувӕн хӕдзары сын балӕвар кӕндзынӕн цин ӕмӕ Мын барст уыдзысты, Мӕ нывондхӕссӕныл Мын цы иууылсудзинӕгтӕ ӕрхӕссой ӕмӕ Мын цы кусӕрттӕ акӕной, уыдон. Ӕмӕ Мын уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмтӕ Мӕ Хӕдзар хондзысты ӕппӕт адӕмты кувӕн хӕдзар».


Дӕ дарӕсы фӕччитыл — ӕнаххос мӕгуырты тугтӕ! Хуыснӕджытау сӕ давгӕйӕ нӕ баййӕфтай!


Кӕм бамбӕхсдзӕн адӕймаг, цӕмӕй йӕ Ӕз ма фенон? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, арв ӕмӕ зӕхх Мӕнӕй йемыдзаг не сты? — зӕгъы Дунедарӕг.


Уымӕн ӕмӕ уыдон Израилы цъаммар митыл бафтыдысты: кӕйдӕр устытимӕ хъахбай митӕ кодтой, Ӕз сын нӕ бафӕдзӕхстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой. Ӕппӕт уыдӕттӕ Ӕз зонын, Мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уый фӕстӕ ӕрбацӕут ӕмӕ, Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис, уым Мӕ разы ӕрлӕуут ӕмӕ фӕзӕгъут: „Мах фервӕзтыстӕм!“ — цӕмӕй та дарддӕр ӕппӕт уыцы ӕлгъаг митӕ кӕнат.


Уӕхицӕй ӕппӕлыдыстут Мӕ разы, уе ’взӕгтӕ суагътат Мӕ ныхмӕ. Ӕз алцыдӕр фехъуыстон.


Мӕ Хуыцау, фехъус мӕ! Ӕркӕс-ма, Дӕ ном чи хӕссы, уыцы сахары дуррӕдзӕгъдтӕм! Лӕгъстӕ дын кӕнӕм, нӕ рӕстадӕй ныфсджын кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ кӕй скӕндзынӕ, ууыл зӕрдӕ даргӕйӕ.


Ӕмӕ сын загъта: «Фыст у: „Мӕ Хӕдзар Мын кувӕн хӕдзар схондзысты“, сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».


Амыдта сын: «Афтӕ фыст нӕу, ӕви: „Мӕ Хӕдзар Мын ӕппӕт адӕмтӕн кувӕн хӕдзар схондзысты“? Сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».


Бӕлӕттӕ уӕйгӕнджытӕн та загъта: «Айсут сӕ ардыгӕй ӕмӕ Мын Мӕ Фыды Хӕдзарӕй базаргӕнӕн хӕдзар ма аразут».


Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan