Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 7:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уый фӕстӕ ӕрбацӕут ӕмӕ, Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис, уым Мӕ разы ӕрлӕуут ӕмӕ фӕзӕгъут: „Мах фервӕзтыстӕм!“ — цӕмӕй та дарддӕр ӕппӕт уыцы ӕлгъаг митӕ кӕнат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 7:10
31 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ йын загъта: «Фехъуыстон дын дӕ куывд ӕмӕ дӕ лӕгъстӕ, цыдӕриддӕр Мӕ куырдтай, уый ӕмӕ, цы Кувӕндон сарӕзтай, уый срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзысты уырдӕм арӕзт.


Дунедарӕг Йерусалимы Йӕхи номыл цы Кувӕндон саразын кодта, уым Менассиа ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн скодта нывондхӕссӕнтӕ.


Суанг Дунедарӕджы Кувӕндоны дӕр, Дунедарӕг афтӕ кӕмӕй загъта, Йерусалимы Мӕ ном мыггагмӕ цӕрдзӕн, зӕгъгӕ, Менассиа нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта.


Хъӕдӕй кӕй саразын кодта, уыцы гуымирыйы та сӕвӕрдта Дунедарӕджы Кувӕндоны, Дунедарӕг Давид ӕмӕ Соломонӕн афтӕ кӕмӕй загъта: «Ацы Кувӕндоны, Йерусалимы — Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты исбонӕй Мӕхицӕн кӕй равзӕрстон, уыцы сахары — Мӕ ном цӕрдзӕни мыггагмӕ.


Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.


Дзурут, зӕгъгӕ, уаз сахарӕй рацыдыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Израилы Хуыцауыл. Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы Хӕдзары се ’лгъӕгтӕ сӕвӕрдтой, фӕчъизи йӕ кодтой.


Ныр сымах ӕрфӕсмон кодтат ӕмӕ, Ӕз растыл кӕй нымайын, ахӕм хъуыддаг сарӕзтат Мӕ разы: алчидӕр уӕ йе ’фсымӕры ссӕрибар кодта. Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы хӕдзары Мемӕ фидыд сфидар кодтат.


Уӕ фыдӕлтӕ, иудейаг паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ устытӕ, стӕй уӕхӕдӕг ӕмӕ уӕ бинойнӕгтӕ Иудейы зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы уынгты цы фыдракӕндтӕ фӕкодтой, уыдон уӕ ферох сты, мыййаг?


Ӕмӕ, Мӕ ном цы хӕдзар хӕссы, уый, сымахмӕ гӕсгӕ, абырджыты лӕгӕт сси?! Ӕз уыдӕттӕ иууылдӕр уынын! — зӕгъы Дунедарӕг.


уый тыххӕй Ӕз, Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис ӕмӕ уӕ зӕрдӕ кӕуыл дарут, уымӕн, стӕй, сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕн, Силомӕн цы бакодтон, уый бакӕндзынӕн!


Иудейы цот Мӕ разы фыдракӕндтӕ кӕнынц, — зӕгъы Дунедарӕг. — Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис, уым се ’лгъӕгтӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтой.


Сымах та, Израилы адӕм, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уӕ гуымирытӕм ацӕут ӕмӕ сын лӕггад кӕнут, кӕд Мӕнмӕ нӕ хъусут, уӕд, фӕлӕ Мын Мӕ уаз ном уӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ уӕ гуымирытӕй мауал фӕчъизи кӕнут.


Ӕгъатырӕй дӕ бафхӕрдзысты, байсдзысты дын де ’ппӕт фӕллӕйттӕ ӕмӕ дӕ ныууадздзысты мадард бӕгънӕгӕй. Уӕд раргом уыдзысты дӕ худинаг, де ’нӕфсармдзинад ӕмӕ дӕ хъахбай митӕ.


Уыдон хъахбай митӕ кодтой, сӕ къухтӕ самӕстой туджы, сӕ гуымирытимӕ хӕтыдысты ӕмӕ Мын цы цот ныййардтой, уыдоны сын арты нывондӕн хастой.


Уымӕ гӕсгӕ сын фехъусын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: сымах дзидза тугимӕ хӕрут, уӕ гуымирытӕм уе ’ргом аздӕхтат, туг калут ӕмӕ ма ноджы зӕхх дӕр уӕхи бакӕнинаг стут?


Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — де ’лгъаг гуымирытӕй ӕмӕ де ’ппӕт ӕнаккаг митӕй Мын Мӕ Кувӕндон кӕй фӕчъизи кодтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз ӕрӕлхъивдзынӕн, Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн.


Мӕ Хуыцау, фехъус мӕ! Ӕркӕс-ма, Дӕ ном чи хӕссы, уыцы сахары дуррӕдзӕгъдтӕм! Лӕгъстӕ дын кӕнӕм, нӕ рӕстадӕй ныфсджын кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ кӕй скӕндзынӕ, ууыл зӕрдӕ даргӕйӕ.


Абырджытӕ искӕй размӕ куыд бабадынц, афтӕ Шехеммӕ фӕндагыл сауджынтӕ адӕмы марынц ӕмӕ ӕлгъаг митӕ кӕнынц.


Мӕ разы-иу Мын, ӕнхъизӕн кӕуыл ис, ахӕм арфӕйы нывонд ссудзут! Барвӕндӕй хаст нывӕндты кой-иу хъӕрдӕрӕй фехъусын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ уарзут, израилӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


уӕлхӕдзӕрттыл стъалытӕм чи кувы, стӕй Дунедарӕгмӕ дӕр ӕмӕ Милкоммӕ дӕр чи кувы, сӕ дыууӕйӕ дӕр сомы чи кӕны,


Ӕмӕ ныр, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны мах амондджын хонӕм, фыдгӕнджытӕ махӕй хуыздӕр цӕрынц. Ӕмӕ, кӕд Дунедарӕджы ракъахынц, уӕддӕр сӕм фыдбылыз ӕввахс нӕ цӕуы».


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.


Уе ’ппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Ӕз, кӕй равзӕрстон, уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ“.


Йесойы сӕумӕйӕ Каиафӕйӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ. Иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг мидӕмӕ нӕ бацыдысты, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ сын Куадзӕны фынгӕй хӕрын ӕмбӕла.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan