Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 6:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Йерусалим, дӕхи ӕрӕмбар, цӕмӕй дӕ Ме ’ргом ма аздахон ӕмӕ дӕ ӕдзӕрӕг быдыр ма фестын кӕнон!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 6:8
23 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ уӕхи ӕрӕмбарут, паддзӕхтӕ, уӕхимӕ ӕрцӕут, зӕххон барджынтӕ!


О Дунедарӕг, байгом мын кӕн мӕ дзых, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн!


Уынаффӕмӕ куы хъусай ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай, уӕд фидӕны куырыхон суыдзынӕ.


Зондамындыл фидар хӕц, ма йӕ ныууадз, хъахъхъӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ цард уый мидӕг ис.


Уыдон Мӕм нӕ хъуыстой, хивӕндӕй цардысты, Мӕ зондамынд Мын ницӕмӕ дардтой.


Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл рыхынц, хъӕрӕй йыл ныррыхыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой; цӕрӕг дзы нал ис, басыгъдысты сахартӕ.


Мӕ фӕндагӕй иуварс куы фӕзылдтӕн, уӕд фӕсмон кодтон, зонды къахыл куы ’рлӕууыдтӕн, уӕд мӕхи хостон. Ме ’взонджы бонты худинаг мемӕ кӕй фӕхастон, уый тыххӕй фӕхудинаг ӕмӕ сӕгад дӕн».


Се ’ргомы бӕсты Мӕм раздӕхтой сӕ чъылдым. Ӕз сын ӕдзухдӕр зонд амыдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, зондамындтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой.


Йерусалим! Фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕд фервӕздзынӕ. Дӕ чъизи хъуыдытӕ кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ?


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»


Уӕд-иу сын зӕгъ: „Мӕнӕ, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ зондамындмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕм! Фесӕфти рӕстдзинад, се ’взагӕй фӕцыдӕр!“


Иудейы сахарты ӕмӕ Йерусалимы уынгты цин ӕмӕ бӕрӕгбоны уынӕрӕн Ӕз кӕрон скӕндзынӕн. Усгур ӕмӕ чындзы хъӕлӕстӕ нал хъуысдзысты, ацы зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн.


«Йерусалимы сахар Ӕз хӕлддзӕгты кӕри фестын кӕндзынӕн, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат. Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, цӕрӕг сӕ нал ныууадздзынӕн».


Семӕ ӕмуат ӕрцӕугӕйӕ, ӕргомӕй йӕ мондӕгтӕ ӕфсадыныл куы схӕцыд, уӕд дзы Ӕз та, ӕлгъгӕнгӕ, Ме ’ргом аздӕхтон, уымӕй размӕ йын йӕ хойыл Мӕхи куыд атигъ кодтон, афтӕ.


Ӕддӕкъах уыди сӕ мад ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ныййардта. Дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ хӕзгулты фӕстӕ цӕудзынӕн: уыдон мын дӕттынц дзул ӕмӕ дон, къуымбил ӕмӕ гӕн, оливӕйы сой ӕмӕ нозт.


Сабитӕ куы схӕссой, уӕд дӕр сын се ’ппӕты дӕр байсдзынӕн. Додой сӕ къона, Ӕз сыл Мӕхи куы атигъ кӕнон, уӕд!


Уӕд зӕхх йӕ сабаты азтӕ баххӕст кӕндзӕн. Цалынмӕ гӕныстонӕй лӕууа, сымах та уе знӕгты зӕххыл цӕрат, уӕдмӕ зӕхх, йӕ афоныл цы нӕ баулӕфыд, уый баулӕфдзӕн, ӕмӕ уӕд баххӕст уыдзысты йӕ сабаты азтӕ.


Ӕз хъуыды кодтон: ацы сахары цӕрджытӕ Мӕ тӕрсдзысты, Мӕ зондамынд Мын сӕ зӕрдӕтӕм айсдзысты, ӕмӕ сын уӕд сӕ цӕрӕнбынат нӕ фесафдзынӕн, Мӕ азар сӕ нӕ баййафдзӕн. Фӕлӕ уӕ хъуыддӕгтӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой.


Зондджындӕр куы уаиккой, уӕд ӕй ӕмбариккой, разӕй сӕм цы кӕсы, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan