7 Донгуырӕны дон куыд пӕлхъ-пӕлхъ кӕны, уыйау фыдмитӕ, стыгъд ӕмӕ тыхми пӕлхъ-пӕлхъ кӕнынц сахары, Мӕ цӕстыты раз ӕдзух — цӕфтӕ ӕмӕ хъӕдгӕмттӕ!
Ӕппӕт хӕзнатӕй фылдӕр дӕхи зӕрдӕ хъахъхъӕн — царды гуырӕн уый у.
Къахы дӕлфадӕй сӕры тенкамӕ иу ӕнӕниз бынат нал ис: цӕфтӕ, хъӕдгӕмттӕ ӕмӕ хӕфдзӕстытӕ — не сты сыгъдӕггонд, сойӕ сӕрст, баст.
Ныр ӕнаккӕгтӕ та сты, ӕнӕнцой денджызы хуылфӕй сурмӕ лами ӕмӕ алы цъыф чи раппары, уыцы знӕт уылӕнтау.
фӕлӕ уыцы тынтӕй нӕдӕр уӕлӕдарӕс скӕнӕн ис, нӕдӕр ӕмбӕрзӕн бауафӕн. Уыдон сты фыдгӕнӕг адӕм, тыхгӕнджытӕ.
Мӕ алы ныхас — хъӕрахст, ӕрдиаг кӕнын стыгъд ӕмӕ тыхмийыл! Дунедарӕджы ныхас кӕй хъусын кӕнын, уый тыххӕй сӕгад дӕн, алы бон — хынджылӕггаг.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дӕ хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхгӕнӕн нӕй, уӕззау сты дӕ цӕфтӕ!
Дӕ цӕфтӕн хостӕ нӕй ӕмӕ дын нӕй сдзӕбӕхы амал, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыддагыл ничи тыхсы.
Дӕ хъӕдгӕмттӕй, дӕ уӕззау цӕфтӕй цы хъӕрзыс? Бирӕ фыдракӕндтӕ кӕй фӕкодтай, дӕ тӕригъӕдтӕ ӕнӕнымӕц кӕй систы, уый тыххӕй дын бавзарын кодтон адӕттӕ!
Ацы сахар арӕзт куы ’рцыди, уӕдӕй абонмӕ йӕм мӕстӕй судзын, ӕмӕ дзы Ме ’ргом аздахдзынӕн, Иудей ӕмӕ Израилы фырттӕ, хуымӕтӕг адӕмӕй паддзӕхты онг, сӕ сауджынтӕ ӕмӕ сӕ пехуымпартӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ кӕй фӕкодтой ӕмӕ-иу сӕм Мӕ маст кӕй тыххӕй ссыгъд, уыцы фыдракӕндты тыххӕй.
Ау, Галаады ӕвдадзы хос нӕй? Ау, иу дохтыр дзы нал ис? Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхы амал цӕуылнӕ ис?»
Дӕ пехуымпартӕ дын мӕнг цӕстылуайӕнтӕ кӕй ӕвдисынц ӕмӕ дын фӕлывд дӕсныфӕрсӕнтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй ды дӕр бахаудзынӕ, сӕ сӕртӕ кӕмӕн акъуырдӕуыд, уыцы ӕнаккӕгты хыгъдмӕ. Сӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон ралӕууыд.
Уымӕн ӕмӕ туг ныккалдтой ацы сахары цӕрджытӕ, уыимӕ зӕххыл нӕ, фӕлӕ айнӕг къӕдзӕхыл, ӕндӕра рыджы бын фӕуыдаид зӕххыл.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕгъгъӕд уын уӕд, Израилы адӕмы фӕтӕгтӕ! Мауал тых кӕнут, мауал ссӕндут, раст тӕрхон хӕссут! Мӕ адӕмы Мын мауал сурут сӕ зӕххӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Райрӕзти тыхми — ӕнаккӕты лӕдзӕг, фӕлӕ уыдонӕй иунӕг дӕр нӕ баззайдзӕн; нӕдӕр сӕ исбонӕй, нӕдӕр сӕ уынӕрӕй, нӕдӕр сӕ номӕй ницыуал баззайдзӕн.
Рӕхыс сараз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх байдзаг ис тугкалӕн фыдракӕндтӕй, сахар та йедзаг у тыхмийӕ.
Додой йӕ къона, чи фӕчъизи ис, уыцы змӕнтӕг ӕмӕ тыхгӕнӕг сахарӕн!