Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 6:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 «Уӕхи срӕвдз кӕнут йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ! Сыстут, ӕмбисбон араст уыдзыстӕм!» — «Нӕй гӕнӕн, бон фӕфӕуы, изӕры аууӕттӕ ӕрбадтысты!» —

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 6:4
14 Iomraidhean Croise  

Цагъарау тыхсы ӕмӕ бӕллы аууонмӕ, ӕххуырст кусӕгау йӕ цӕстытӕ ныуурс вӕййынц йӕ куысты мыздмӕ.


Цалынмӕ нӕма сбон ис ӕмӕ аууӕттӕ нӕ фӕцыдӕр сты, уӕдмӕ саг кӕнӕ сычъийау хӕхты цъассытыл лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон!


Сӕ идӕдзтӕ Мӕ фӕндонӕй денджызы змисӕй фылдӕр систы. Ӕмбисбон сын сӕ мадӕлтыл Ӕз абырджыты бафтыдтон, ӕвиппайды сыл стыр тас бахӕцдзӕн.


Авд сывӕллоны ныййарӕгмӕ ныр хъару нал ис, ӕмӕ йӕ уд исы, ӕмбисбон аныгуылди йӕ хур, сӕгад ӕмӕ фӕхудинаг ис. Чи ма аирвӕзт, уыдоны та Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн се знӕгты цӕстыты раз», — зӕгъы Дунедарӕг.


Йӕ систӕм ын схизут ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнут, фӕлӕ кӕронмӕ нӕ. Йӕ дыргъдӕттӕ йын ныззыгуым кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон Дунедарӕджы адӕм нал сты.


Ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕй — ифтонг, ӕгъатыр ӕмӕ дурзӕрдӕ сты уыдон. Сӕ хъӕр у денджызы гуыр-гуырау, ӕфсӕддонтӕ хӕстӕввонгӕй згъорынц сӕ бӕхтыл дӕ ныхмӕ хӕцынмӕ, Сионы чызг!»


«Хуымгӕрдӕн афон нал у, сӕрд фӕци, фӕлӕ мах нӕма фервӕзтыстӕм».


Ацы ныхӕстӕ ӕппӕт адӕмтӕн фехъусын кӕнут. Уӕхи сцӕттӕ кӕнут хӕстмӕ! Уӕ сахъгуырдтӕ тохы быдырмӕ рацӕуӕнт!


Авадиайы цӕстылуайӕн. Дунедарӕг Хуыцау Едомы тыххӕй зӕгъы, Дунедарӕгӕй фехъуыстам уац, адӕмтӕм рарвыстӕуыд фӕдисоны: «Сыстут, ӕмӕ Едомы ныхмӕ схӕцӕм!»


Дунедарӕг пехуымпарты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмы Мын рӕдийын кӕнынц, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, фӕлӕ сын сӕ гуыбынтӕ чи не ’фсады, уыдоны ныхмӕ расидынц хӕст.


Газӕйы сахар сафтид уыдзӕн, Ашкелон гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, ашдодӕгтӕ тард ӕрцӕудзысты сӕ сахарӕй, быныскъуыд фӕуыдзӕн Екрон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan