3 Ӕд рӕгъӕуттӕ йӕм ӕрбацӕудзысты фыййӕуттӕ, йӕ алыварс айтындздзысты сӕ цатыртӕ; алчидӕр дзы йӕ фос хиздзӕн йӕхи зӕххы хайыл».
Фӕлӕ йын Дунедарӕг йӕ ныхмӕ самидин кодта халдейӕгты, сириӕгты, моавӕгты ӕмӕ аммонӕгты ӕрдонгтӕ. Ӕмӕ уыдон Иудеймӕ ӕрбабырстой, ныггӕныстон ӕй кӕнынмӕ, Дунедарӕг Йӕ пехуымпарты уылты куыд дзырдта, афтӕ.
Ӕнӕнымӕц фыййӕуттӕ Мын сафтид кодтой Мӕ сӕндон, бассӕстой Мын Мӕ исбон, Мӕ уарзон зӕхх Мын ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой, сафтид ис ӕмӕ кӕуы. Гӕныстонмӕ ӕрцыд ӕгас зӕхх, ӕмӕ уый нымады дӕр никӕмӕ у.
Ассирийы паддзах! Дӕ фыййӕуттӕ фынӕй кӕнынц, де ’лдӕрттӕ хуыссынц. Дӕ адӕм ныххӕлиу сты хӕхты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый дӕр нӕй.
Уымӕн ӕмӕ дыл ахӕм бонтӕ акӕндзӕн, ӕмӕ де знӕгтӕ дӕ къулты алыварс сыджытбырутӕ самайдзысты, ӕрхъула дыл кӕндзысты ӕмӕ дӕ алырдыгӕй ӕрбалвасдзысты.