27 «Йеремиа, Ӕз дӕуӕй сарӕзтон згъӕртайынгӕнӕг, мӕ адӕмӕй та — згъӕрдур, цӕмӕй, сӕ хъуыддӕгтӕ цӕй аргъ сты, уый базонай.
Абон Ӕз дӕуӕй скодтон фидаргонд сахар, ӕфсӕн цӕджындз ӕмӕ ӕрхуы сис — ацы ӕппӕт зӕхх, Иудейы паддзӕхтӕ ӕмӕ ӕлдӕрттӕн, сауджынтӕн ӕмӕ ацы зӕххы адӕмӕн ныхкъуырд раттынӕн.
Ацы адӕмӕн дӕ Ӕз фидар ӕрхуы сисӕй сӕвӕрдзынӕн. Уыдон дӕ ныхмӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн ӕмӕ дыл Мӕ арм дардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз сӕ стайын кӕндзынӕн, бафӕлвардзынӕн сӕ! Уӕдӕ ӕндӕр Мӕ адӕмӕн цы бакӕнон?
Адӕймаджы фырт! Тӕрхонгӕнинаг сын дӕ ӕви нӕ? Сӕ фыдӕлты ӕлгъаг митӕ сын равдис.
«Адӕймаджы фырт! Тугамӕст сахарӕн тӕрхонгӕнинаг дӕ ӕви нӕ? Йе ’ппӕт ӕлгъаг митӕ йын радзур.