26 Мӕ адӕмы чызг! Дӕ уӕлӕ сӕхъис скӕн, рыджы сӕвдул дӕхи! Дӕ иунӕг фыртыл кӕуӕгау дӕ сау цӕссыг згъал ӕмӕ дзыназ — ӕвиппайды нӕм фӕзындзӕн нӕ сафӕг.
йӕхӕдӕг ацыд ӕмӕ уырдыгӕй фаты ӕхстбӕрц дарддӕр сбадти, лӕппуйы мӕлӕт ма фенон, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕрдиаг кодта.
Удаист хъӕр йӕ хъусты зӕлы, ӕнӕнхъӕлӕджы йӕм ӕрбалӕууы йӕ сафӕг.
Иов фӕнычы сбадт ӕмӕ дурыны састӕй йӕ буар хафта.
Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, сымахӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бон сау дарат ӕмӕ дзыназат, уӕ сӕрыхил алвынат ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнат.
Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕгъын, ныууадзут мӕ мӕхи бар. Ӕз зӕрдӕхалӕн хъарӕг кӕндзынӕн. Ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕ мын ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ бабын сты мӕ адӕм.
Кардылӕфтыд фӕуыдзысты хӕсты быдыры дӕ лӕппутӕ, де ’хсарджынтӕ.
уымӕ гӕсгӕ, бӕрзонд быру куы аскъуыйы ӕмӕ йын ӕвиппайды рафӕлдӕхынӕй тас куыд вӕййы, уыйау уыдзӕни сымах хъуыддаг дӕр уӕ азымы тыххӕй.
Ӕмризӕджы ризут, ӕнӕмӕттӕ! Тӕрсут, ӕнӕмӕттӕ! Уӕ дарӕстӕ раласут ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнут.
Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны.
Ацы ныхӕстӕм куынӕ байхъусат, уӕд ӕз сусӕгӕй кӕудзынӕн, сӕрыстыр кӕй стут, ууыл. Нал бахус уыдзӕн Мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы дзуг уацары бахаудзӕн.
Ацы ныхӕстӕ сын фехъусын кӕн». Ӕхсӕвӕй-бонӕй ма бахус уӕд мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕмы чызгӕн тынг арф у йӕ хъӕдгом, уӕззау сты йӕ цӕфтӕ.
Сӕ идӕдзтӕ Мӕ фӕндонӕй денджызы змисӕй фылдӕр систы. Ӕмбисбон сын сӕ мадӕлтыл Ӕз абырджыты бафтыдтон, ӕвиппайды сыл стыр тас бахӕцдзӕн.
Ӕвиппайды сӕм ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ куы ’рбакӕнай, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕй хъуысӕд хъӕрзын, уымӕн ӕмӕ уыдон ме ’рцахсынӕн дзыхъхъ скъахтой, мӕ къӕхтӕн мын къӕппӕджытӕ сӕвӕрдтой!
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕбуалгъ тасы хъӕртӕ хъусӕм, бӕстӕ схъомпал, нал ис сабырдзинад.
Уыцы заман ацы адӕмӕн, Йерусалимы цӕрджытӕн, загъдӕуыдзӕн: «Ӕдзӕрӕг быдыры бӕгънӕг къуыбыртӕй Мӕ адӕмы чызгыл судзгӕ дымгӕ радымдта, фӕлӕ хор дымгӕмӕ ныддарынмӕ ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ
Иу фыдбылыз иннӕйы ивы, ӕгас бӕстӕ хӕлӕттаг фӕци. Бабын сты иу уысммӕ мӕ цатыртӕ, цӕсты фӕныкъуылдмӕ — мӕ халагъудтӕ!
Уӕдӕ уӕ уӕлӕ скӕнут сӕхъис, кӕут ӕмӕ дзыназут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы азарӕй нӕ фервӕздзыстут!
Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕх кӕнынц ӕнӕсӕрфатӕй, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, афтӕмӕй сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй.
Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?»
«Хъӕрзын мӕ адӕмы цӕфтӕй! Саудалынг мыл ӕртыхсти, стыр тас мыл бахӕцыд.
Мӕ сӕр куы фестид ӕнӕхъӕнӕй цӕссыгтӕ, мӕ цӕстытӕ — цӕссыгдоны гуырӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй уӕд дзыназин ӕз мӕ адӕмӕн сӕ мӕрдтыл!
Кӕудзынӕн хӕхтыл, хъарӕг сыл кӕндзынӕн, дзыназдзынӕн тыгъд быдырты сӕрвӕттыл! Басыгъдысты, иу цӕуӕг сыл нал ис, нал хъуысы фысты дзугты бӕгъ-бӕгъ. Уӕларвон мӕргътӕ фӕтахтысты, ныххӕлиу сты сырдтӕ.
О, уый тыххӕй куы кӕуын ӕз, мӕ цӕссыг цӕстытӕй куы ранхъӕвзы! Мӕ Сабыргӕнӕг, мӕлӕтӕй Ирвӕзынгӕнӕг, о, дард куы у мӕнӕй! Фӕуӕлахиз мыл, басаста мӕ ме знаг, мӕ хъӕбултӕ, мӕ сабитӕ куы сӕфынц!
Ӕхсӕвы тары сау цӕссыг куы згъалы, йӕ рагуарзӕттӕй иу куы нӕй йӕ цуры! Гадзрахатӕй йыл рацыдысты ’рдхӕрдтӕ, уӕ, систы йе знӕгтӕ!
Тыхсы мӕ уд, о, бакуырм дӕн фыр куыдӕй! Мӕ зӕрдӕ скъуыны, уӕ, мӕ адӕм сӕфынц! Чысыл сабитӕ сахары уынгты сыдӕй мӕлынц!
Куы мын фӕхӕрын кодта дуртӕ, мӕ дзых мын байдзаг кодта рыгӕй!
Мӕ цӕссыг ранхъӕвзы донау — мӕ адӕмы чызг сӕфы!
Фӕлмӕн ныййарджытӕ сӕ хъӕбулты фыцынц! Уӕ, ноггуырд сабитӕ куы систы хойраг! Уӕ, сӕфынц мӕ адӕм!
Хъӕддаг куыйтӕ дӕр ма сӕ къӕбысты ӕхсырӕй бафсадынц, — мӕ адӕмы Чызг гакк-гуккау куы сси ӕгъатыр!
О мӕ адӕм! Содом дӕр ахӕм карз ӕфхӕрд нӕ баййӕфта, — уый бабын иу уысммӕ, лӕджы къух ыл нӕ бандзӕвыд.
Уӕ бӕрӕгбӕттӕ уын фестын кӕндзынӕн хъарӕг, уӕ зарджытӕ — кӕуын. Иууылдӕр уӕ уӕлӕ скӕндзыстут сӕхъис, адасдзыстут уӕ сӕртӕ. Адӕймаг йӕ иунӕг фырты мардыл куыд фӕкӕуы, уыйау дзыназдзыстут, алы бон дӕр — масты бон.
Хабар Ниневийы паддзахмӕ байхъуысти, уый сыстад йӕ къӕлӕтджынӕй, йӕ дарӕс раласта, сӕхъис скодта йӕ уӕлӕ ӕмӕ фӕнычы сбадти.
Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты.
Сахары кулдуармӕ куы баввахс ис, уӕд дзы мард рацӕйхастой — идӕдз усы иунӕг лӕппуйы. Сылгоймагимӕ сахарӕй рацыди бирӕ адӕм.
Хъыг кӕнут, кӕут ӕмӕ дзыназут. Уӕ худын раивут кӕуынӕй, уӕ цин — хъыгӕй.
Байхъусут сымах, бонджынтӕ. Кӕут ӕмӕ дзыназут, цы бӕллӕхтӕ уӕ ӕрӕййафынц, уыдоны тыххӕй.