Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 6:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатаг бӕстӕй ӕрбацӕуынц адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй хъомысджын адӕм сыстадысты!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 6:22
18 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ айхъуысти уац, цӕгатаг зӕххӕй ӕвирхъау уынӕр хъуысы! Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат.


«Акӕсут-ма, цӕгатӕрдыгӕй чи ӕрбацӕуы, уыдонмӕ! Кӕм ис дӕ рӕгъау ныр, дӕ диссаджы рӕсугъд фосы дзуг цы фӕци?


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ иу адӕмӕй иннӕмӕ фыдбылыз цӕуы, зӕххы кӕрӕттӕй стыр тымыгъ сыстад».


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕбуалгъ тасы хъӕртӕ хъусӕм, бӕстӕ схъомпал, нал ис сабырдзинад.


Фехъусын кӕнут адӕмтӕн, расидут Йерусалимы: «Дард бӕстӕй ӕрбацӕуынц ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ, Иудейы сахарты сӕ тохы хъӕртӕ хъуысынц.


Уӕ тырыса сисут нысанӕн, цӕмӕй адӕм ӕрбацӕуой Сионмӕ! Ӕвӕстиатӕй лидзут, уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз цӕгатӕй ӕрбауадздзынӕн ӕбуалгъ фыдбылыз!


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатӕй, гуылфгӕнгӕ, ӕрбацӕуынц цӕугӕдӕттӕ. Уӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр фӕдӕлдон уыдзысты. Бӕхты къӕхты хъӕр, бӕхуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ сӕ цӕлхыты уынӕрӕй адӕм ныдздзыназдзысты. Ӕгас бӕстӕйы цӕрджытӕ ныккӕудзысты. Ныййарджытӕн сӕ цӕнгты хъару фесӕфдзӕн, ӕмӕ сӕ цотмӕ фӕстӕмӕ нал ракӕсдзысты.


Израилы хӕдзарвӕндаг, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн Ӕз дардӕй ӕрбакӕндзынӕн рагон ӕмӕ тыхджын адӕмы. Се ’взаг сын нӕ зоныс, ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ не ’мбардзынӕ.


Сӕ фатдонтӕ — гом ингӕнтӕ, сӕ алы хӕстон дӕр — бӕгъатыр.


Бениамины байзӕддӕгтӕ, лидзгӕут Йерусалимӕй! Текоайы сыкъауадындзтӕй уасут, Бет-Керемы нысанӕн арт ссудзут, уымӕн ӕмӕ уӕм цӕгатӕй фӕзындзӕни бӕллӕх, ӕвирхъау сӕфт!


Ныххуырсдзынӕн дыл Мӕ маст, Мӕ масты пиллӕйттӕ дыл ныккалдзынӕн ӕмӕ дӕ ратдзынӕн, марын ахуыр чи у, уыцы агъуыд адӕмы къухтӕм.


Уымӕ гӕсгӕ, Охолива, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз дыл сардаудзынӕн дӕ хӕзгулты, дӕхи кӕуыл атигъ кодтай, уыдоны. Алырдыгӕй сӕ ӕрбакӕндзынӕн дӕ ныхмӕ хӕцынмӕ:


Ӕз уын уӕ ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн халдейӕгты, ӕгъатыр ӕмӕ знӕт адӕмы. Уыдон ӕппӕт зӕххыл ӕрзилдзысты, цӕмӕй кӕйдӕр хъӕутӕ бацахсой.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се ’взаг дӕр кӕмӕн не ’мбардзыстут, ахӕм адӕм,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan