Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 6:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Байхъус, зӕхх! Ӕз ацы адӕмыл бӕллӕхтӕ ’руадздзынӕн. Сӕхи фӕндтӕ сӕ расайдзысты, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме ’Гъдауыл сӕхи атигъ кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 6:19
37 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕгӕн фыдвӕндтӕ ӕлгъаг сты, хӕларзӕрдӕ ныхӕстӕ сыгъдӕг сты Йӕ разы.


Хуыцауы ’гъдаумӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн йӕ куывд дӕр — ӕлгъаг.


Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!


Уымӕ гӕсгӕ, хъӕмп зынджы амӕттаг куыд бавӕййы, хосы мӕкъуылтӕ пиллон арты куыд асудзынц, афтӕ сӕ уидаг амбидзӕн, сӕ дидинвӕлыст рыг фестдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон се ’ргом аздӕхтой Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕгъдауӕй, ницӕмӕ ӕрдардтой Израилы Уаз Хуыцауы ныхас.


Дугъы фӕцӕйуайынц фыдбылыз аразынмӕ, ӕназым туг ныккалынмӕ. Сӕ сагъӕстӕ, сӕ фӕндтӕ сты ӕнаккаг — бастигъын, ныппырх кӕнын.


Ӕз сын зонын сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ цӕуын алы адӕмты, алы ’взӕгтыл чи дзуры, уыдоны ӕрӕмбырд кӕнынмӕ. Ӕрцӕудзысты уыдон ӕмӕ Мын фендзысты Мӕ кад.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мӕнӕ сыл Ӕз фыдбылыз ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дзы сӕ бон фервӕзын не суыдзӕн. Хъӕрахст Мӕм кӕндзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзынӕн.


«Ныууагътай Мӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — адард дӕ Мӕнӕй. Уый тыххӕй дӕм Ӕз Мӕ къух систон, ныппырх дӕ кодтон, нал зонын тӕригъӕд!


Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».


«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз ацы сахарӕн ӕмӕ, йӕ дӕлбар цы сахартӕ ис, уыдоны цӕрджытӕн цы бӕллӕхтӕ снысан кодтон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ хивӕнд сты, Мӕ ныхӕстӕм Мын нӕ хъусынц».


«Иудейы паддзӕхтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!» Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз ацы зӕххыл ахӕм бӕллӕх ӕруадздзынӕн, ӕмӕ, йӕ кой чидӕриддӕр фехъуса, уыдонӕн фыр дисӕй сӕ хъустӕ ныззӕлланг кӕндзысты.


Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн».


О зӕхх, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ!


уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ пехуымпарты уылты сӕм ӕдзухдӕр кӕй ӕрвыстон, уыцы ныхӕстӕм сӕ хъус не ’рдардтой.


Йерусалим! Фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕд фервӕздзынӕ. Дӕ чъизи хъуыдытӕ кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ?


Фехъусын кӕнут адӕмтӕн, расидут Йерусалимы: «Дард бӕстӕй ӕрбацӕуынц ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ, Иудейы сахарты сӕ тохы хъӕртӕ хъуысынц.


Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Дунедарӕджы сӕраппонд уӕхицӕн сунӕт скӕнут! Уӕ зӕрдӕтӕн скӕнут сунӕт, цӕмӕй уӕ фыдракӕндты аххосӕй Мӕ маст ма ссудза артау, ӕнӕахуысгӕ зынгирвӕзтау.


Ӕз, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты раз еламӕгтыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцын кӕндзынӕн, фыдбылыз сыл бафтаудзынӕн, Мӕ судзгӕ маст сыл ныккалдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кардимӕ сӕ сурдзынӕн, цалынмӕ сӕ бынтон фесафон, уӕдмӕ.


Кӕмӕн дзурон, кӕмӕн амонон зонд, чи хъусдзӕн? Сӕ бон нӕу хъусын, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды. Уыдон ӕлгъ кӕнынц Дунедарӕджы ныхасыл, ӕнӕуынон сын у.


Уӕдӕ байхъусут, адӕмтӕ! Ӕмбырды адӕм, базонут, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый!


Уӕдӕ ацы адӕм Мӕнӕй се ’ргом цӕмӕн аздӕхтой, Йерусалим ӕдзух хъеллау цӕмӕн кӕны? Мӕнгдзинадыл фидар хӕцынц, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй.


Куырыхонтӕ фӕхудинаг сты, тас сыл бахӕцыд ӕмӕ къӕппӕджы бахаудысты. Цӕй мидӕг ис сӕ уӕлзонд, кӕд ӕмӕ Дунедарӕджы ныхасӕй се ’ргом аздӕхтой, уӕд?


Ӕгас Израил дӕр Дӕ Ӕгъдауы сӕрты ахызт, цӕмӕй Дӕм ма хъуса. Ӕмӕ ныл уӕд, Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы, Моисейы Ӕгъдауы цы ’лгъыстытӕ фыст ис, уыдон ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Хуыцауы раз.


Сымах бахуым кодтат тӕригъӕд ӕмӕ ӕркарстат фыддзинад, мӕнгдзинады дыргътӕ хордтат. Уымӕн ӕмӕ уӕхи фӕндыл, уӕ бирӕ хӕстонтыл дардтат уӕ зӕрдӕ.


Бындзагъд фӕуыдзысты Мӕ адӕм, фаг кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй. Сауджынтӕ, исты бамбарын уӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй уыл Ӕз мӕхи атигъ кӕндзынӕн. Сымах уӕ Хуыцауы Ӕгъдау куыд ферох кодтат, афтӕ уын Ӕз дӕр уӕ цоты рохуаты ныууадздзынӕн.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ргом аздӕхтой Дунедарӕджы Ӕгъдауӕй, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын не ’ххӕст кӕнынц. Сӕ фыдӕлтӕ цы мӕнг хуыцӕутты фӕдыл цыдысты, уыдон сын сӕ фӕндаг ныггалиутӕ кодтой.


«Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ, байхъусут лӕмбынӕг, ӕгас зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджытӕ! Дунедарӕг Хуыцау уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн ныллӕууӕд, Йӕ уаз Кувӕндонӕй рацӕуӕд Бардарӕг!


Байхъусут, хӕхтӕ, Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, хъусгӕ кӕнут сымах дӕр, зӕххы фидар бындуртӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕны, азымджын кӕны Израилы.


Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны ӕмӕ Мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг: Мӕ ныхас ын тӕрхон кӕндзӕни фӕстаг бон.


Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ ацы тӕригъӕдыл, кув Бардарӕгмӕ, ӕмӕ дын, чи зоны, дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ныххатыр кӕна.


Абон мын арв ӕмӕ зӕхх ӕвдисӕнтӕ уӕнт уӕ разы, цард кӕнӕ мӕлӕт, арфӕ кӕнӕ уын ӕлгъыст хъардтон. Равзарут цард, ӕмӕ цӕрын бантысдзӕн сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр,


«Ӕрыхъус, арв, ӕз дын цы зӕгъон, уымӕ; ӕрыхъус, зӕхх, мӕ ныхасмӕ:


уӕд, арв ӕмӕ зӕххыстӕн, тагъд рӕстӕджы ӕнӕхай фӕуыдзыстут, Иорданы фаллаг фарсмӕ уӕхи бакӕнынмӕ кӕй тыххӕй цӕут, уыцы бӕстӕй. Уым уын бирӕ фӕцӕрын нӕ бантысдзӕн: цагъды фӕуыдзыстут.


Иу у сӕ азым дӕсныфӕрсӕг ӕмӕ ӕнӕсӕттонӕн, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕн кувӕг ӕмӕ хивастӕн. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уымӕ гӕсгӕ дыл Уый дӕр атигъ кодта Йӕхи, цӕмӕй паддзахиуӕг мауал кӕнай».


Самуел ын дзуапп радта: «Нӕ раздӕхдзынӕн демӕ. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл атигъ кодтай дӕхи, ӕмӕ дыл Дунедарӕг дӕр Йӕхи атигъ кодта — Израилӕн нал уыдзынӕ йӕ паддзах».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan