Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 6:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕз байдзаг дӕн Дунедарӕджы мастӕй, мӕ бон ӕй нал у уромын! «Сывӕллӕттыл, стӕй, уынджы чи ӕрӕмбырд, уыцы лӕппутыл ӕй ныккал! Нӕлгоймӕгтӕ ӕд устытӕ, стӕй, сӕ царды бонтӕ кӕмӕн фӕвӕййынц, уыцы зӕронд лӕгтӕ уацары бахаудзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 6:11
22 Iomraidhean Croise  

Ӕрыгон лӕппутӕ дӕр бастайынц, сӕдых вӕййынц, сӕ къӕхтыл нал фӕлӕууынц.


Хынджылӕг чи кӕны, уыдоны ’хсӕн нӕ бадтӕн, мӕ рӕстӕг циндзинӕдты не ’рвыстон. Ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух, ӕмӕ иунӕгӕй бадтӕн, мастӕй мӕ кӕй байдзаг кодтай, уый тыххӕй.


«Ныууагътай Мӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — адард дӕ Мӕнӕй. Уый тыххӕй дӕм Ӕз Мӕ къух систон, ныппырх дӕ кодтон, нал зонын тӕригъӕд!


Ныр Дӕ фӕндонӕй стонг бавзарӕнт, кардӕй сӕ фӕмар, уадз ӕмӕ сбирӕ уой идӕдзтӕ! Сӕ цот ӕмӕ сӕ лӕгтӕй ӕнӕхай фӕуӕнт, сӕ лӕппутӕ карды амӕттаг бауӕнт хӕсты!


Ӕз загътон: «Сӕ зӕрдыл сын Ӕй нал ӕрлӕууын кӕндзынӕн, нырӕй фӕстӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд нал дзурдзынӕн!» Фӕлӕ цыма мӕ зӕрдӕйы арт ссыгъд ӕмӕ ме стджыты мидӕг ахст уыди, уыйау сфӕлмӕцыдтӕн, мӕ бон ӕй бауромын нал уыд.


Ау, Ӕз сӕ уыдӕтты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»


Сылгоймӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Хъусут Ын Йӕ ныхӕстӕм лӕмбынӕг! Уӕ чызджыты хъарӕг кӕнын сахуыр кӕнут, кӕрӕдзийӕн зӕрдӕриссӕн зарджытӕ амонут!


Мӕлӕт мидӕмӕ хизы нӕ рудзгуытӕй, бырсы нӕ галуантӕм; уынгты нын цӕгъды нӕ сабиты, фӕзты нын мары нӕ лӕппуты.


Уӕ, Дунедарӕг басаста мӕ тыхджынты! Мӕ ныхмӕ мын, бӕрӕгбонмӕ сӕ хонӕгау, ӕрӕмбырд кодта ме знӕгты, — ныццӕгъдой мын мӕ лӕппуты! Сӕнӕфсир сӕндуцӕны ссӕндӕгау, Иудӕйы чызджы Дунедарӕг бассӕста!


Зӕрондӕй, сабийӕ, лӕзӕрынц рыджы фӕндӕгтыл. Уӕ, кардӕй мын куы ныццагътой мӕ чызджыты, мӕ лӕппуты! Дӕ азары бон се ’ппӕты дӕр фесӕфтай, ӕгъатырӕй сӕ аргӕвстай!


цӕмӕй ӕз Израилы адӕмӕн зӕгъон: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз фӕчъизи кӕндзынӕн Мӕ Кувӕндон — уӕ хъомысы цӕджындз, уӕ цӕстырухс, уӕ удлӕууӕн. Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ та, сахары кӕй ныууагътат, уыдон, карды амӕттаг бауыдзысты“.


Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ ахаста уырдыгӕй. Ӕз цыдтӕн, хъынцъымгӕнгӕйӕ, мӕстӕлгъӕдӕй, уымӕн ӕмӕ мыл Дунедарӕг Йӕ къухы уӕз ӕруагъта.


Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Дӕ гуыбын байдзаг кӕн ӕмӕ дӕхи бафсад, мӕнӕ дын цы тухгӕ чиныг дӕттын, уымӕй». Ӕз бахордтон, ӕмӕ цыма мыд бахордтон, уыйау мӕ дзых садджын.


Зӕронд лӕгӕй, лӕппуйӕ, чызгӕй, сабийӕ, сылгоймагӕй — се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдут, ӕрмӕст, нысан кӕуыл ис, уыдонӕй макӕмӕ бавналут. Райдайут мӕ Кувӕндонӕй». Ӕмӕ райдыдтой адӕмы хистӕртӕй, Кувӕндоны раз чи лӕууыди, уыдонӕй.


Ӕз та дзаг дӕн Дунедарӕджы Уды хъаруйӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй, цӕмӕй Йаковӕн, йӕ азым цӕй мидӕг ис, уый зӕгъон ӕмӕ Израилӕн бамбарын кӕнон йӕ тӕригъӕд.


Зӕгъын уын: уыцы ӕхсӕв дыууӕйӕ уыдзысты иу хуыссӕны — сӕ иуы акӕндзысты, иннӕ та баззайдзӕни.


Павел сӕм ӕнхъӕлмӕ каст Афинты ӕмӕ фыхти фыр мӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уыдта, сахар гуымирытӕй йемыдзаг кӕй уыд, уый.


Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕ рӕстӕг иууылдӕр бахардз кодта Хуыцауы ныхас амоныныл — иудейӕгты ӕууӕндын кодта, Йесо Хуыцауы Байсӕрст кӕй у, ууыл.


Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уый тыххӕй нын ӕнӕ дзургӕ нӕй».


Кувӕндонӕй мӕм райхъуыст, авд зӕдӕн хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Марадз, Хуыцауы фыдӕхы авд кӕхцы акалут зӕхмӕ!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan