Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 6:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Бениамины байзӕддӕгтӕ, лидзгӕут Йерусалимӕй! Текоайы сыкъауадындзтӕй уасут, Бет-Керемы нысанӕн арт ссудзут, уымӕн ӕмӕ уӕм цӕгатӕй фӕзындзӕни бӕллӕх, ӕвирхъау сӕфт!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 6:1
19 Iomraidhean Croise  

Текоамӕ арвыста ӕмӕ уырдыгӕй иу зонынджын сылгоймаджы ӕрбахуыдта. Загъта йын: «Дӕхи скӕуӕг кӕн. Дӕ уӕлӕ саутӕ скӕн, дӕхимӕ ма базил, раст цыма, йӕ мардыл рагӕй чи хъыг кӕны, ахӕм сылгоймаг дӕ, уый хуызӕн.


Уый рацарӕзта Вифлеем, Етам, Текоа,


Фаджыскалӕн кулдуар самадта Рехавы фырт Малкиа, Бет-Керемы зылды хицау. Йӕ дуӕрттӕ йын сӕвӕрдта, гуыдыртӕ ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ ӕрцауыгъта.


Уыдоны фарсмӕ къул дарддӕр амадтой текойӕгтӕ; уӕвгӕ, сӕ тӕккӕ нымаддӕртӕй никӕй бафӕндыд Дунедарӕджы номыл бакусын.


Мӕнӕ айхъуысти уац, цӕгатаг зӕххӕй ӕвирхъау уынӕр хъуысы! Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат.


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


Сахарты цӕрджытӕ лидзӕг фесты фатӕхсджытӕ ӕмӕ барджыты уынӕрӕй, хӕхтӕм ӕмӕ тар хъӕдтӕм лидзынц. Сахартӕ сафтид сты иууылдӕр, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатаг бӕстӕй ӕрбацӕуынц адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй хъомысджын адӕм сыстадысты!


Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты, Амос, Текоайы фыййӕуттӕй иу, цӕстылуайӕны цы фехъуыста, уыдӕттӕ. Уый уыдис иудейаг паддзах Озиайы ӕмӕ Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман, зӕххӕнкъуыстӕй дыууӕ азы раздӕр.


Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?


Сау бӕхтӕ ацӕудзысты цӕгатмӕ, урсытӕ — ныгуылӕнмӕ, хъулӕттӕ та — хуссармӕ».


Фӕлӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕм Йерусалимӕй йевусӕгты фӕсурыны хъомыс нӕ разынд, ӕмӕ абон дӕр сӕ фарсмӕ цӕрынц Йерусалимы.


Бениамины байзӕддӕгтӕ йевусӕгтӕй Йерусалимы сахар нӕ байстой, ӕмӕ йевусӕгтӕ абоны онг Бениамины байзӕддагимӕ Йерусалимы цӕрынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan