Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 52:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 йӕхи та йын ӕрцахстой ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Вавилоны паддзахмӕ, Хаматы зӕхмӕ, Ривлайы сахармӕ. Уым ын паддзах Навуходоносор стӕрхон кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 52:9
15 Iomraidhean Croise  

Соломон Дунедарӕджы раз куывд скодта. Ӕгас Израил, Лево-Хаматӕй суанг Мысыры арӕны раз цы цӕугӕдон калд, уый онг чи царди, уыдон иууылдӕр — тынг бирӕ дзыллӕ — ӕрӕмбырд сты уыцы куывдмӕ ӕмӕ фӕминас кодтой иннабонӕй иннабонмӕ.


Фараон Нехо йӕ Ривлайы сахары, Хаматы зӕххыл, уацары райста, ӕмӕ ууыл йӕ паддзахиуӕг ахицӕн Йерусалимы. Нехо Иудейӕ ӕрдомдта ивар: ӕвзисты сӕдӕ таланты ӕмӕ сыгъзӕрины иу талант.


Халдейӕгтӕ паддзахы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Ривлайы сахармӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносоры размӕ, акодтой. Уым ын стӕрхон кодтой.


Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.


Соломон бабырста Хамат-Цовайы сахармӕ ӕмӕ йӕ бацахста.


Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“.


Халдейӕгтӕ сӕ фӕсте асырдтой ӕмӕ паддзах Цедекиайы Йерихонмӕ хӕстӕг тъӕпӕны баййӕфтой. Ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Вавилоны паддзах Навуходоносормӕ, Ривлайы сахармӕ, Хаматы зӕхмӕ. Ӕмӕ йын паддзах уыцы ран тӕрхон рахаста.


Дунедарӕджы байсӕрст паддзах — нӕ царды комулӕфт — къӕппӕджы куы бахауди! Дзырдтам-иу: «Адӕмты ’хсӕн йемӕ нӕу махӕн фесӕфынӕй тас».


Сымах карды цӕфӕй амӕлдзыстут, Ӕз уын Израилы зӕххыл стӕрхон кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Гӕрзифтонгӕй дӕм ӕрбацӕудзысты бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттимӕ, сӕ бирӕ ӕфсадимӕ, алырдыгӕй дыл ӕртыхсдзысты згъӕрхӕдӕттӕ, такатӕ ӕмӕ уартытимӕ. Ӕз дӕ сӕ тӕрхоны амӕттаг бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын сӕхи ӕгъдаумӕ гӕсгӕ стӕрхон кӕндзысты.


Сӕ зӕххыхъӕд куыд у — сойджын у ӕви мӕгуыр, бӕлӕстӕ дзы зайы ӕви нӕ? Ӕнӕмӕнг ын йӕ дыргътӕй ӕрбахӕссут». Сӕнӕфсирафон уыди.


Шефамӕй ацӕудзӕни Аины скӕсӕнварс Ривламӕ, Киннереты денджызы былмӕ бахӕццӕ уыдзӕн.


стӕй Гевалы зӕхх ӕмӕ — скӕсӕнӕрдӕм — Ливан ӕнӕхъӕнӕй, Ермоны хохрӕбын Баал-Гадӕй Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй Хаматы сахарӕй бахизӕны онг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan