Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 52:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Халдейӕгты хӕстонтӕ паддзах Цедекиайы фӕсте расырдтой ӕмӕ йӕ Йерихонмӕ хӕстӕг тъӕпӕныл баййӕфтой. Йемӕ цы хӕстонтӕ уыди, уыдон иууылдӕр алырдӕмты фӕлыгъдысты,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 52:8
13 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“.


Иудейы паддзах Цедекиа дӕр халдейӕгты къухтӕй нӕ аирвӕздзӕн, ӕнӕмӕнг Вавилоны паддзахы къухмӕ бахаудзӕн ӕмӕ йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзӕн.


Ӕз иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕтты, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты амӕттаг бакӕндзынӕн, уӕ зӕххӕй чи аздӕхт, уыцы вавилойнаг ӕфсады къухмӕ сӕ ратдзынӕн.


Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».


Йеремиа паддзах Цедекиайӕн ноджы загъта: «Цӕмӕй фӕаххосджын дӕн дӕ разы, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕмы раз? Ныккӕнды мӕ цӕй тыххӕй ныппӕрстат?


Дӕ устытӕ ӕмӕ дын дӕ фыртты халдейӕгтӕм акӕндзысты, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ. Вавилоны паддзах дӕ ӕрцахсдзӕн, ацы сахар та сыгъд ӕрцӕудзӕни».


Халдейӕгтӕ сӕ фӕсте асырдтой ӕмӕ паддзах Цедекиайы Йерихонмӕ хӕстӕг тъӕпӕны баййӕфтой. Ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Вавилоны паддзах Навуходоносормӕ, Ривлайы сахармӕ, Хаматы зӕхмӕ. Ӕмӕ йын паддзах уыцы ран тӕрхон рахаста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan