Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 52:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уыцы бон знӕгтӕ сахары сис басастой. Паддзахы дыргъдоны раз, дыууӕ сисы ’хсӕн, уыди кулдуар. Кӕд халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, уӕддӕр хӕстонтӕ ӕхсӕвы иууылдӕр уыцы кулдуары уылты сахарӕй ралыгъдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм ацыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 52:7
17 Iomraidhean Croise  

сахар ист ӕрцыд. Иудейаг паддзах Цедекиа ӕхсӕвы тары йӕ хӕстон адӕмимӕ лидзӕг фӕци, ӕмӕ, паддзахы дыргъдоны кӕрон сахары дыууӕ сисы астӕу цы кулдуар уыди, ууылты Иорданы дӕлвӕзмӕ раирвӕзтысты. Ныр халдейӕгты ӕфсад та лӕууыди сахары алыварс.


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».


Паддзах Цедекиайы хицаудзинадыл иуӕндӕсӕм аз куы цыди, уӕд цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон халдейӕгтӕ сахары сис басастой.


Йӕ лӕппутӕ уынгты амӕлдзысты, уыцы бон йӕ хӕстонтӕ иууылдӕр бабын уыдзысты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


знӕгтӕ донуайӕнтӕ кӕй бацахстой, фидӕрттӕ пиллон артӕй кӕй судзынц ӕмӕ хӕстонтыл фыр тӕссӕй ризӕг кӕй бахӕцыд, уыдӕттӕ.


Сыстут ӕмӕ ӕмбисӕхсӕв ацӕуӕм, ныппырх ын кӕнӕм йӕ фидӕрттӕ!


Сӕ сӕргъы цы хицау лӕууы, уый дӕр талынджы йе ’ккоймӕ сисдзӕни йӕ уаргъ ӕмӕ рацӕудзӕн. Къул батондзысты, цӕмӕй йӕ ууылты ракӕной. Уый бамбӕрздзӕни йӕ цӕсгом, ӕмӕ ацы зӕхх йӕ цӕстытӕй нӕ фендзӕн.


Боныгон-иу дӕ дзауматӕ уыдоны раз рахӕсс, дӕ цӕрӕнбынат аивыны охыл, изӕры та уыдоны раз рацу, хаст адӕм куыд рацӕйцӕуынц, афтӕ.


Нӕ ахасты дыууадӕсӕм азы дӕсӕм мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон мӕм Йерусалимы лигъдӕттӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Сахар дӕрӕнгонд ӕрцыд».


Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.


Чи ма уӕ аирвӕза, уыдонӕн знаджы зӕххытыл сӕ зӕрдӕты ахӕм тас бауадздзынӕн, ӕмӕ-иу сыфтӕры сыбар-сыбурӕй дӕр лидзӕг фӕуыдзысты, раст сӕм цыма кардӕй ӕвзидынц, уыйау. Фӕсте сӕ ничи сурдзӕн, афтӕмӕй ахаудзысты зӕххыл.


Систы хуынчъытӕй уӕ сахарӕй ракӕндзысты рӕгъӕй ӕмӕ уӕ Хармоны зӕхмӕ баппардзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.


Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид, Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид, уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис, ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса, дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan