Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 52:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Цедекиайӕн йӕ хицаудзинадыл дӕсӕм аз куы цыд, уӕд дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон Йерусалиммӕ ӕрбабырста Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’ппӕт ӕфсадимӕ. Сахарыл ӕртыхсти ӕмӕ йын йӕ алыварс хӕцӕн бырутӕ самайын кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 52:4
22 Iomraidhean Croise  

Алырдыгӕй дыл ӕрхъула кӕндзынӕн, дӕ алыварс хӕцӕн мӕсгуытӕ сараздзынӕн, сыджытбырутӕ самайдзынӕн дӕ ныхмӕ.


«Дунедарӕгӕн мах тыххӕй балӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор нӕ ныхмӕ схӕцыди. Чи зоны, ӕмӕ нын Дунедарӕг, раздӕры заман куыд уыдис, афтӕ ӕмбисонды хъуыддаг сараза, ӕмӕ Навуходоносор ардыгӕй йӕхи айса».


Сыджытбырутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ, бацахсдзысты йӕ. Халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ къухмӕ бахаудзӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй йӕ басӕтдзысты. Рагацау цы загътай, уый сӕххӕст ис, ӕмӕ ныр Дӕхӕдӕг уый уыныс.


Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’фсадимӕ ӕмӕ, кӕй басаста, уыцы паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмтимӕ Йерусалим ӕмӕ йӕ алыварс сахартыл куы ’рхъула кодта, уыцы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


Паддзах Цедекиайӕн йӕ хицаудзинадыл цыди фарӕстӕм аз. Уыцы азы дӕсӕм мӕйы Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’фсадимӕ Йерусалиммӕ ӕрбацыд ӕмӕ сахары алыварс ӕртыхсти.


Быдыртӕ хъахъхъӕнджытау ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхмӕ сыстади», — зӕгъы Дунедарӕг. —


Уыцы бон знӕгтӕ сахары сис басастой. Паддзахы дыргъдоны раз, дыууӕ сисы ’хсӕн, уыди кулдуар. Кӕд халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, уӕддӕр хӕстонтӕ ӕхсӕвы иууылдӕр уыцы кулдуары уылты сахарӕй ралыгъдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм ацыдысты.


Йӕ рахиз къухӕй Йерусалимы хал сисдзӕн. Йерусалимы раз ӕрӕвӕрдзӕн йӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ. Тохы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ байсдзӕн кулдуары цурмӕ, йӕ батонынмӕ. Сахары ныхмӕ самайдзӕн сыджытбыру ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг сараздзӕн.


Сӕфт, сӕфт, сӕфт! Ацы сахарӕн йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ уыцы сахар кӕй у, уый ӕрцӕуа, уӕдмӕ, ӕмӕ йӕ уӕд ратдзынӕн уымӕн.


Уый карды амӕттаг бакӕндзӕни, денджызгӕрӕтты дын цы дӕлбар сахартӕ ис, уыдон, дӕ ныхмӕ дын сараздзӕни хӕцӕн мӕсгуытӕ ӕмӕ самайдзӕни сыджытбыру, ӕрӕвӕрдзӕн цӕлхытыл тулгӕ стыр уартытӕ.


Нӕ ахасты дыууадӕсӕм азы дӕсӕм мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон мӕм Йерусалимы лигъдӕттӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Сахар дӕрӕнгонд ӕрцыд».


Нӕ ахасты дыууын фӕндзӕм азы фыццаг мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон, Йерусалимы ныппырхыл цыппӕрдӕс азы куы рацыд, тӕккӕ уыцы бон мыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд ӕмӕ мӕ ахаста уырдӕм.


Мӕ фидыд Мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уӕ карды амӕттаг бакӕндзынӕн. Уӕ сахарты куы бамбӕхсат, уӕд та уыл бафтаудзынӕн емынӕ, ӕмӕ уе знӕгты къухтӕм бахаудзыстут.


— Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм мӕйты, стӕй ӕвдӕм ӕмӕ дӕсӕм мӕйты цы комдарӕн бонтӕ ис, уыдон Иудӕйы хӕдзарӕн хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕ фестдзысты, ӕрмӕст рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинад уарзут.


Уымӕн ӕмӕ дыл ахӕм бонтӕ акӕндзӕн, ӕмӕ де знӕгтӕ дӕ къулты алыварс сыджытбырутӕ самайдзысты, ӕрхъула дыл кӕндзысты ӕмӕ дӕ алырдыгӕй ӕрбалвасдзысты.


Йерусалимыл ӕфсӕдтӕ ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд-иу ӕй зонут, рӕхджы гӕныстон кӕй уыдзӕни, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan