Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 51:53 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

53 Вавилон суанг уӕлӕрвтӕм куы сӕххӕсса ӕмӕ йӕ бӕрзонд мӕсгуытӕ куы бафидӕрттӕ кӕна, уӕд дӕр ӕм Ӕз дӕрӕнгӕнджыты ӕрбарвитдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 51:53
29 Iomraidhean Croise  

Загътой: «Цӕй ӕмӕ ном скӕнӕм нӕхицӕн — саразӕм сахар, уӕлӕрвтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм мӕсыгимӕ, цӕмӕй ӕгас зӕххы цъарыл ма ныххӕлиу уӕм».


Йӕ кад уӕларвмӕ дӕр сӕххӕссӕд, йӕ сӕр арвыл ныдзӕвӕд,


Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз сын сӕ ныхмӕ сардаудзынӕн, ӕвзистӕн аргъ чи нӕ кӕны ӕмӕ сыгъзӕринмӕ уазал ӕнгас чи дары, уыцы мидиӕгты.


Ӕз рӕстӕвзары ракодтон цӕгатӕй, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Скӕсӕнӕй Мӕм кувы. Цъыфау йӕ къӕхты бын ссӕнды барджынты, дурынгӕнӕг ӕлыг куыд фӕнӕмы, афтӕ.


«Ӕнӕ хъыпп-сыппӕй бад, Халдейы чызг, аууонмӕ айс дӕхи. Амӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты паддзахӕдты ӕхсин.


Дзырдтай, ӕнусмӕ уыдзынӕн ӕхсин, фӕлӕ, райсом цы уыдзӕни, ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтай.


О къӕдзӕхты цъассыты цӕрӕг, хӕхты цъуппыты хицау! Хъӕхъхъаг ӕмӕ къӕйных кӕй дӕ, ууыл дӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы дардтай. Уӕлиау ахстон скодтай цӕргӕсау, фӕлӕ дӕ Ӕз уырдыгӕй раппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Мератаимы ныхмӕ схӕцут, Пекоды цӕрджыты бафхӕрут! Марут сӕ, фӕстаг лӕджы онг сӕ ныццӕгъдут, — зӕгъы Дунедарӕг, — цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕнут.


Дунедарӕг байгом кодта Йе ’мбӕхсӕн, систа дзы Йӕ фыдӕхы хӕцӕнгӕрзтӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, хъуамӕ халдейӕгты зӕххы Йӕ хъуыддаг сӕххӕст кӕна.


Байхъусут, Дунедарӕг Вавилонӕн, халдейӕгты зӕххӕн, цы снысан кодта, уымӕ! Суанг ын йӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты, Дунедарӕг сын сӕ сӕрвӕттӕ дӕр бабын кӕндзӕн.


Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн.


О сафӕг хох, Ӕз сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕгас зӕхх сӕфтай, ӕмӕ дӕм ныр Ӕз Мӕ къух систон. Къӕдзӕхты сӕрӕй дӕ раппардзынӕн, сау ӕвзалы чи баци, ахӕм хох дӕ фестын кӕндзынӕн.


Арв, зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныццин кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ Вавилонмӕ цӕгатӕй фӕзындзысты дӕрӕнгӕнджытӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Вавилонмӕ фӕзындзӕни дӕрӕнгӕнӕг, йӕ хӕстонты йын уацары акӕндзысты, сӕ фӕттӕ сын ныссӕтдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ фиды, ӕххӕстӕй сын сӕ бафиддзӕн.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн йӕ фӕтӕн систӕ зӕххимӕ сиу кӕндзысты, йӕ бӕрзонд кулдуӕрттӕ йын басудздзысты. Адӕмтӕ дзӕгъӕлы фӕкуыстой ӕмӕ сӕхи удхарӕй дзӕгъӕлы фӕмардтой, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр сыгъд ӕрцӕудзӕн».


Уайсахат ӕппӕт уыдӕттӕ Навуходоносорыл ӕрцыдысты. Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцыди, галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхсадта. Йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы систау разадысты, йӕ ныхтӕ та уыдысты маргъы ныхтау.


Мӕрдтыбӕстӕм куы фӕлидзой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн, уӕларвмӕ куы ссӕуой, уӕд сӕ уырдыгӕй дӕр раппардзынӕн.


Се знӕгты разӕй уацары куы ацӕуой, уӕд сӕ уым дӕр карды цӕфӕй амардзынӕн. Мӕ цӕстӕнгас сӕм сӕ хорзӕн нӕ, фӕлӕ сӕ фыдбылызӕн сараздзынӕн».


Додой йӕ къона, галиу миты фӕрцы йӕ хӕдзары исбоныл чи ӕфтауы, цӕмӕй фыдбылызӕй фервӕза, уый тыххӕй йӕ ахстон бӕрзонд чи саразы, уымӕн!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan