47 Афон куы ралӕууа, уӕд Ӕз вавилойнаг гуымирыты ныззыгуым кӕндзынӕн. Вавилоны зӕхх ӕгасӕй дӕр фӕхудинаг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ уӕлӕ мӕрдтӕ лӕзӕрдзысты.
ӕмӕ мӕнӕ рацӕуынц адӕм, дыгай барджытӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм». Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодта: «Бабын ис, бабын ис Вавилон! Йӕ гуымирытӕ базгъӕлӕн сты ӕмӕ лӕзӕрынц зӕххыл».
Уӕларвӕфсады Бардарӕг уыдоны тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Мӕ азары хай сӕ бакӕндзынӕн! Сӕ лӕппуты сын бабын кӕндзӕн кард, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджытӕ сыдӕй амӕлдзысты.
Цы зӕгъдзынӕ, дӕхицӕн хицауиуӕг кӕнын кӕй сахуыр кодтай, уыдон дӕм куы фӕзыной, уӕд? Арӕг усау хъизӕмар кӕндзынӕ,
Ӕмӕ пехуымпартӕй, сауджынтӕй кӕнӕ адӕмӕй исчи Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд ын Ӕз йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронты дӕр бафхӕрдзынӕн.
Ӕвдай азы куы рацӕуа, уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй Вавилоны паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы, стӕй халдейӕгты бӕстӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕнусмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн.
«Адӕмты ’хсӕн фехъусын кӕнут! Уӕ тырыса сисут нысанӕн! Ныхъхъӕр кӕнут, мацы басусӕг кӕнут, зӕгъут сын: „Саст ӕрцыд Вавилоны сахар, фӕхудинаг ис Бел, афӕлдӕхтой Меродахы — фӕхудинаг сты йӕ хуыцаугӕндтӕ, ныппырх сты йӕ гуымирытӕ!“
Уыдон сты ницӕйаг ӕмӕ худӕг, сӕ тӕрхоны заман иууылдӕр фесӕфдзысты.
Вавилоны, халдейӕгты зӕххыл чиддӕриддӕр цӕры, уыдоны Ӕз, Сионы цы фыдракӕндтӕ фӕкодтой, уыдоны тыххӕй бафхӕрдзынӕн уӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг.
Вавилоны сахартӕ сафтид сты, бахус ис йӕ зӕхх, ӕдзӕрӕг быдыр фестад, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад, иу цӕуӕг ыл нал ис.
«Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Вавилоны гуымирыты бафхӕрдзынӕн, ӕгас бӕстӕйы цӕфты хъӕрзын хъуысдзӕн.