42 Вавилоны сӕрмӕ денджыз хӕрдмӕ фӕцыди, гуыргуыргӕнгӕ йӕ бамбӕрзтой йӕ уылӕнтӕ.
Иу дзырд, иу ныхас, иунӕг мыр нӕ хъуысы,
Йӕ хъомысы фӕрцы паддзахиуӕг кӕндзӕн ӕнусмӕ; Уый ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ цӕст дары, цӕмӕй змӕнтджытӕ ма сыстой.
О Дунедарӕг, ӕнӕхуыцӕуттӕ кӕдмӕ кӕндзысты уӕлахиз?
Рагуац денджызгӕрон ӕдзӕрӕг бӕстӕйы тыххӕй. Негевы сӕрты знӕт зилгӕ уад куыд фӕцӕйтӕхы, уыйау ссӕуы бӕллӕхы уац ӕдзӕрӕг бӕстӕй, тасӕфтауӕг зӕххӕй.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Вавилоны бӕстӕ сафтид кӕндзӕн, йӕ сӕрыстыр хъӕлӕс ын бамынӕг кӕндзӕн.
уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Тирӕн: „Ӕз дӕ ныхмӕ сыстдзынӕн, Тир, ӕмӕ дын дӕ ныхмӕ бирӕ адӕмты сыстын кӕндзынӕн, денджыз йӕ уылӕнтӕ куыд сисы, афтӕ.
Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд цӕгаты паддзахы фырттӕ сӕхи хӕстмӕ сцӕттӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕм стыр ӕфсад ӕрӕмбырд уыдзӕн. Ӕфсымӕртӕй иу йе ’фсадимӕ стыр цӕугӕдонау размӕ бырсдзӕн ӕмӕ суанг хуссары паддзахы фидармӕ бахӕццӕ уыдзӕн.
Даниил йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Ӕхсӕвы ӕз цӕстылуайӕны федтон, цыппар уӕларвон дымгӕйы денджыз куыд змӕнтынц, уый.
Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.
Хур, мӕй ӕмӕ стъалытыл ӕнахуыр диссӕгтӕ уындзысты, зӕххыл та адӕм сау катайы бафтдзысты, абухгӕ денджызы уынӕрӕй сӕргой фӕуыдзысты.