Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 51:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Уӕ, мӕнӕ куыд бацахстой Шешах, ӕгас дунейы кад куыд басастой! Адӕмтыл тас бахӕцыд, Вавилонмӕ кӕсгӕйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 51:41
15 Iomraidhean Croise  

Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн-иу йӕ цурты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ фӕрсдзӕн: „Ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг афтӕ цӕй тыххӕй бакодта?“


Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйау ныппырх кӕндзӕни Вавилон — паддзахӕдты фидыц, халдейӕгтӕ сӕрыстыр кӕмӕй сты, уый.


уӕд сымах уӕлахизы зарӕг ныззардзыстут, Вавилоны паддзахӕн фидис кӕнгӕйӕ: Не ’фхӕрӕг нал ис, не стигъӕг бабын ис!


цӕгаты дард ӕмӕ хӕстӕг паддзӕхтӕн, иуӕн иннӕйы фӕдыл — зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Шешахы паддзах та уыцы кӕхцӕй ӕппӕты фӕстаг бануаздзӕн.


Ау, кадджын сахар, Мӕ цины сахар, ӕппӕрст ӕрцыд?


О, мӕнӕ куыд афасти, мӕнӕ куыд ныппырх ис, ӕнӕхъӕн зӕхх чи дӕрӕн кодта, уыцы дзӕбуг! Адӕмтӕ фыр тӕссӕй ризынц, Вавилонмӕ кӕсгӕйӕ.


Вавилон саст куы ’рцӕуа, уӕд зӕхх нынкъуысдзӕн тохы уынӕрӕй, ӕппӕт адӕмтӕ йын фехъусдзысты йӕ хъӕр.


Вавилон хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, хъӕддаг куыйтӕн — цӕрӕнбынат. Йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Денджызгӕрон сахартыл ӕвирхъау тас куы бахӕцыд, куы ныккӕрзыдтой паддзӕхтӕ, сӕ цӕсгомы хуыз куы фӕцыд.


ӕгас дунейы дӕ адӕм, зӕххон сырдтӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕн хицау скодта. Сыгъзӕрин сӕр ды дӕ!


Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцӕудзынӕ, цӕрдзынӕ сырдтимӕ, галау кӕрдӕг хӕрдзынӕ ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй дӕхи ӕхсдзынӕ. Авд азы куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ: ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн сӕ хицау у Иууылбӕрзонд, ӕмӕ паддзахы бынат, кӕмӕн ӕй бафӕнды, уымӕн ратты.


Уайсахат ӕппӕт уыдӕттӕ Навуходоносорыл ӕрцыдысты. Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцыди, галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхсадта. Йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы систау разадысты, йӕ ныхтӕ та уыдысты маргъы ныхтау.


Дунедарӕг уӕ цы адӕмтӕм фӕкӕна, уыдон-иу уӕ хъысмӕтӕй ныккӕрздзысты, ӕмбисондӕн уӕ хӕсдзысты ӕмӕ уыл худдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan