Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 51:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уадз, халдейӕгты зӕххыл мӕрдтӕ лӕзӕрой, ӕмӕ, фатӕй мӕлӕтдзаг цӕф чи фӕци, уыдон фӕндӕгтыл баззайой!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 51:4
6 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ уыдонӕй кӕй ӕрцахсой, уый ныррӕхойдзысты, кӕуылдӕриддӕр фӕхӕст уой — кардӕй йӕ амардзысты.


Дӕу та ингӕны нӕ бавӕрдтой, аппӕрстой дӕ хус къалиуау. Мӕрдты ’хсӕн, карды амӕттаг чи баци, уыдоны астӕу хуыссыс; дурастӕрд ингӕны дӕ ныппӕрстой, сӕ къӕхтӕй дын дӕ мард ссӕндынц адӕм.


Йӕ лӕппутӕ уынгты амӕлдзысты, уыцы бон йӕ хӕстонтӕ иууылдӕр бабын уыдзысты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Уый тыххӕй йӕ фырттӕ сахары уынгты амӕлдзысты, уыцы бон йӕ хӕстонтӕ иууылдӕр цагъды фӕуыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Йӕ бӕхты ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдӕтты, стӕй, йе ’хсӕн чи цӕры, уыцы ӕндӕрбӕстӕгты ныхмӕ дӕр кард систӕуыд, ӕмӕ сылгоймӕгтау стӕппуд уыдзысты.


Вавилон суанг уӕлӕрвтӕм куы сӕххӕсса ӕмӕ йӕ бӕрзонд мӕсгуытӕ куы бафидӕрттӕ кӕна, уӕд дӕр ӕм Ӕз дӕрӕнгӕнджыты ӕрбарвитдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan