Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 51:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Куы сызнӕт уой, уӕд сын Ӕз нозт ратдзынӕн, ныррасыг сӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй схъӕлдзӕг уой ӕмӕ уый фӕстӕ ӕнусон фынӕй бауой, макуыуал райхъал уой, — зӕгъы Дунедарӕг. —

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 51:39
12 Iomraidhean Croise  

Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты, се ’ппӕт дӕр фехӕлдысты, хорздзинад ничи кӕны, иунӕг адӕймаг дӕр.


Зӕгъ сын: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: нуазгӕ кӕнут ӕмӕ ныррасыг ут, сбухъ кӕнут ӕмӕ ахаут зӕххыл, кӕй уӕм ӕрвитын, уыцы карды раз уӕ бон сыстын куыннӕуал суа, афтӕ!»


Срасыг ӕй кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстади! Уадз ӕмӕ Моав йӕ сӕты лӕзӕра, уадз ӕмӕ хынджылӕггаг суа!


«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг».


Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,


Какон сындзытау сыздыхстысты кӕрӕдзиуыл, ныррасыг сты сӕнӕй, хус хъӕмпау басудздзысты!


Гъемӕ уӕдӕ ды дӕр ныррасыг уыдзынӕ, знӕгтӕй фервӕзыныл дзӕгъӕлы архайдзынӕ.


Ассирийы паддзах! Дӕ фыййӕуттӕ фынӕй кӕнынц, де ’лдӕрттӕ хуыссынц. Дӕ адӕм ныххӕлиу сты хӕхты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый дӕр нӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan