Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 51:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Вавилоны паддзах Навуходоносор мӕ хордта ӕмӕ ӕхсыдта, афтид мигӕнӕн мӕ сарӕзта! Ныхъуырдта мӕ кӕфхъуындарау, бафсӕсти мӕ, йӕ гуыбын байдзаг кодта мӕнӕй, уый фӕстӕ мӕ фӕстӕмӕ скалдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 51:34
21 Iomraidhean Croise  

Цы мулк аныхъуырдта, уый фӕстӕмӕ сомдзӕн, — Хуыцау ын ӕй йӕ фарсӕй фӕкӕндзӕн.


удӕгасӕй сӕ аныхъуырӕм мӕрдтыбӕстау, ӕд хъуын, ӕд хъис сӕ фӕдӕле кӕнӕм, ингӕнмӕ чи ныххауы, уыдонау;


Фестдзӕни зымтӕ ӕмӕ уызынты бӕстӕ, сидахъхъытӕ ӕмӕ сынтыты цӕрӕн. Дунедарӕг ӕй абардзӕни бӕндӕнӕй ӕмӕ йын йӕ арӕнтыл алырдыгӕй ӕрӕвӕрдзӕн арӕндуртӕ, цӕмӕй мыггагмӕ уа гӕныстон ӕмӕ ӕдзӕрӕг.


Уымӕн уӕ ныггӕныстон кодтой ӕмӕ бастыгътой, бадут ахӕстӕтты ӕмӕ хъоргъыты, уӕ фыдгулты амӕттаг баистут, ахастой уӕ, ӕмӕ уӕ ничи ссӕрибар кӕны, ничи домы фыдгултӕй, ацы адӕмы фӕстӕмӕ рауадзут, зӕгъгӕ.


Израил у дзӕгъӕл фысты рӕгъау, домбӕйттӕ йӕ алырдӕмты фӕсырдтой. Раздӕр ӕй хордта Ассирийы паддзах, фӕлӕ йын ацы фӕстаг, Вавилоны паддзах Навуходоносор, йе стджытӕ дӕр бахсыдта.


Чи-иу сыл фӕхӕст, уый-иу сӕ аныхъуырдта, се ’фхӕрджытӕ дзырдтой: „Мах аххосджын ницӕмӕй стӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон фӕтӕригъӕдджын сты Дунедарӕджы, рӕстдзинады хӕдзары, сӕ фыдӕлты зӕрдӕдарӕны, раз“.


Ӕз вавилойнаг Белы бафхӕрдзынӕн, цыдӕриддӕр аныхъуырдта, уыдон ын фӕстӕмӕ скалын кӕндзынӕн. Адӕмтӕ йӕм нал цӕудзысты, Вавилоны систӕ ныппырх уыдзысты.


Бабын уыдзӕн Вавилон, уымӕн ӕмӕ уый израилӕгты мардта, ӕгас зӕххыл дӕр адӕмы фӕцагъта.


О, додой! Адӕмарӕх сахар куы сафтид ис, идӕдзау иунӕгӕй куы аззади! Кӕддӕр куы уыдис адӕмты ’хсӕн номдзыд, бӕстӕты ус-паддзах куы сси цагъар!


О сахар! Де знӕгтӕн хынджылӕггаг куы фестадтӕ! Ӕхситт кӕнынц, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс куы цӕуы, дзурынц: «Кӕдӕй-уӕдӕй йын федтам йе сӕфт! О, ’рцыди уыцы бон!»


уый тыххӕй пехуымпар ныхас фехъусын кӕн, зӕгъ сын: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: алырдыгӕй уӕ гӕныстон кӕнынц, лӕбурынц уӕм, цӕмӕй иннӕ адӕмты амӕттаг бауат, уӕ фыдгой кӕной ӕмӕ уыл худой.


Аныхъуырдтой Израилы, ӕмӕ ныр ӕндӕр адӕмты ’хсӕн израилӕгтӕ ӕнӕпайда мигӕнӕнау суыдзысты.


Байхъусут, мӕгуырты ’фхӕрджытӕ, се сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон!


Дунедарӕг ногӕй скадджын кӕндзӕн Израилы, кӕд ӕй абырджытӕ бастыгътой ӕмӕ йын йӕ сӕнӕфсиры талатӕ бассӕстой, уӕддӕр.


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan