32 знӕгтӕ донуайӕнтӕ кӕй бацахстой, фидӕрттӕ пиллон артӕй кӕй судзынц ӕмӕ хӕстонтыл фыр тӕссӕй ризӕг кӕй бахӕцыд, уыдӕттӕ.
Ӕнӕбын денджызӕн зӕгъын: „Басур у, дӕ уылӕнтӕ дын байсысын кӕндзынӕн“.
Фӕлӕ уыдон хъӕмпӕй уӕлдай не сты: арты басыгъдысты, сӕхи дӕр нӕ бахызтой артӕй. Зынджы мур дӕр нал аззад хи ахъарм кӕнынӕн, артӕн йӕ кой дӕр нал ис йӕ фарсмӕ абадынӕн.
Нал тох кӕнынц вавилойнаг хӕстонтӕ, бадынц сӕ фидӕртты. Хъару сӕм нал ис, стӕппуд сты сылгоймӕгтау. Вавилоны хӕдзӕрттӕ басыгъдысты, се ’вдузӕнтӕ сын ныссастой.
Фӕдисон ивы фӕдисоны, фидиуӕг — фидиуӕджы, цӕмӕй Вавилоны паддзахӕн фехъусын кӕной, йӕ сахар иууылдӕр знаджы къухмӕ кӕй бахауд,
Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Вавилоны чызджы мусау ныннай кодтой, тагъд йӕ хуымгӕрдӕн афон ралӕудзӕн».
Уыцы бон знӕгтӕ сахары сис басастой. Паддзахы дыргъдоны раз, дыууӕ сисы ’хсӕн, уыди кулдуар. Кӕд халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, уӕддӕр хӕстонтӕ ӕхсӕвы иууылдӕр уыцы кулдуары уылты сахарӕй ралыгъдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм ацыдысты.