Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 51:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Нал тох кӕнынц вавилойнаг хӕстонтӕ, бадынц сӕ фидӕртты. Хъару сӕм нал ис, стӕппуд сты сылгоймӕгтау. Вавилоны хӕдзӕрттӕ басыгъдысты, се ’вдузӕнтӕ сын ныссастой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 51:30
16 Iomraidhean Croise  

Нӕ мӕ уадзыс ӕрцъынд кӕнын дӕр, адӕргӕй мӕ дзыхы ныхас дӕр нал бады.


Уыцы бон мысырӕгтӕ сылгоймӕгтау ныззыр-зыр кӕндзысты, Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм Йӕ къух куы сиса, уӕд.


Фӕлӕ уыдон хъӕмпӕй уӕлдай не сты: арты басыгъдысты, сӕхи дӕр нӕ бахызтой артӕй. Зынджы мур дӕр нал аззад хи ахъарм кӕнынӕн, артӕн йӕ кой дӕр нал ис йӕ фарсмӕ абадынӕн.


Йӕ сахартӕ йын бацахсдзысты, йӕ фидӕрттӕ йын басӕтдзысты. Уыцы бон моаваг гуыппырсартӕ фыр тӕссӕй арӕг устытау нырриздзысты.


Алырдыгӕй йыл хъӕр кӕнут! Йӕхи радта знӕгтӕм, ныппырх сты йӕ фидӕрттӕ, йӕ систӕ ныззыгуым сты. Дунедарӕджы азар у уый! Уӕ маст дзы райсут! Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бавзарын кӕнут!


знӕгтӕ донуайӕнтӕ кӕй бацахстой, фидӕрттӕ пиллон артӕй кӕй судзынц ӕмӕ хӕстонтыл фыр тӕссӕй ризӕг кӕй бахӕцыд, уыдӕттӕ.


«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг».


Йӕ кулдуӕрттӕ йын афӕлдӕхта зӕххыл, куы ратыдта, куы срӕдывта ӕвдузӕнтӕ! Уӕ, тард куы ’рцыдысты сӕ зӕххӕй паддзах ӕмӕ уӕздӕттӕ! О, нал хъуысы Хуыцауы Ӕгъдау! О, пехуымпартӕн Дунедарӕг ныр нал ӕвдисы рагуацтӕ!


Дамаскы кулдуӕрттӕн се ’вдузӕнтӕ ныссӕтдзынӕн. Авены дӕлвӕзы паддзахы бадӕны чи рабадт, уый дӕр, стӕй Бет-Едены паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Арамейӕгты Кирмӕ уацары акӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Дӕ хӕстонтӕ тӕппуд сты сылгоймӕгтау. Дӕ бӕстӕйы кулдуӕрттӕ уӕрӕх байгом сты дӕ фыдгултӕн, се ’вдузӕнтӕ арты басыгъдысты.


Йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ, стыр тасы бацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, стыр сахар, Вавилоны тыхджын сахар! Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ ӕрцыди дӕ азар!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan