2 Вавилонмӕ ӕцӕгӕлӕтты арвитдзынӕн, ӕмӕ йӕ уыдон дымгӕмӕ ныддардзысты. Йӕ зӕхх ын сафтид кӕндзысты, йӕ фыдбылызы бон ыл алырдыгӕй ӕртыхсдзысты.
Дымгӕмӕ сӕ ныддардзыстут, ӕмӕ сӕ дымгӕ ахӕсдзӕн, уаддым сӕ ныххӕлиу кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд бацин кӕндзыстут Дунедарӕгыл, стаудзыстут Израилы Стыр Хуыцауы».
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Сымах сӕраппонд Ӕз Вавилонмӕ арвыстон тыхгӕнӕг ӕмӕ фӕлидзӕг кӕндзынӕн уе ’фхӕрджыты. Удаистӕй халдейӕгтӕ лидздзысты, ныр сӕ цины хъӕртӕ кӕцӕй хъуысынц, уыцы наутыл.
Ӕгас бӕстӕйы кулдуӕртты раз сагойӕ дымгӕмӕ ныддардтон Мӕ адӕмы, бындар сын нал ныууагътон! Мӕ фӕндонӕй сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ уадзынц сӕ фӕндӕгтӕ.
Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ фатӕхсджытӕм фӕдзурут! Фатӕхсджытӕ, сахарыл ӕрхъула кӕнут, мачи дзы раирвӕзӕд! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын стӕрхон кӕнут. Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бавзарын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уый хӕцыд Дунедарӕджы, Израилы Уаз Хуыцауы, ныхмӕ.
Фӕкӕлдзӕн ӕмӕ ахаудзӕн Сӕрыстыр, схӕцӕг ыл нӕ уыдзӕн. Йӕ сахартӕ йын басудздзынӕн, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр арты хай бауыдзысты.
Дӕ иу ӕртыккаг хай дӕ мидӕг амӕлдзысты емынӕйӕ ӕмӕ сыдӕй, иннӕ ӕртыккаг хай карды амӕттаг бауыдзӕни дӕ алфамбылай, аннӕ ӕртыккаг хайы та дын ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн. Фӕсте сӕм ӕвзиддзынӕн кардӕй.
Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».