19 Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр у йӕ хъысмӕт, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау сфӕлдыста ӕппӕт дӕр. Израилӕгтӕ сты Йӕ адӕм ӕмӕ Йӕ исбон, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Дунедарӕджы хӕрзтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн ӕз?
Ӕвӕджиауы диссӕгтӕ ӕрмӕстдӕр Уый аразы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
Фидар къахдзӕфтӕй цӕуын Дӕ фӕндӕгтыл, Дӕ фӕдыл цӕуын ӕмӕ нӕ цудын.
Ӕрбалӕуут, сабитӕ, ӕмӕ мӕм ӕрбайхъусут, ӕз уӕ сахуыр кӕнон Хуыцауы тасыл.
Кад Дын кӕнӕм, стауӕм Дӕ, Хуыцау! Ӕдзухдӕр нӕ былалгъыл ис Дӕ ном, адӕмӕн хъусын кӕнӕм Дӕ диссӕгтӕ.
Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Израилы Стыр Хуыцау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Цӕмӕн ферох кодтат Дунедарӕджы, уе Скӕнӕджы, уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта ӕмӕ зӕхх Чи сарӕзта, Уый? Фыр тӕссӕй цы ризут тыхгӕнджыты раз, цы сӕ бон у, цы уын ракӕндзысты? Уадз ӕмӕ абухой!
Уый Йӕ хъомысӕй сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзонды фӕрцы сфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.
Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, зӕхх Чи сфӕлдыста, Чи йӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ Чи сфидар кодта, Уый:
Мӕ бынтӕ Мын куы фӕдавтат, уӕд цинӕй мардыстут, уӕ цинӕн кӕрон нал уыди. Родтау кӕрдӕгыл гӕппытӕ кодтат ӕмӕ уырсытау уӕ мыр-мыр цыди.
Фӕлӕ хъомысджын у сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Уый рахӕцдзӕни сӕ сӕрыл, сӕ зӕхх сын басабыр кӕндзӕн, Вавилоны цӕрджытыл та катай бахӕцын кӕндзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Израил ӕмӕ Иудейы нӕ ныууагъта сӕ Хуыцау, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, кӕд сӕ зӕхх Израилы Уаз Хуыцауы раз тӕригъӕдӕй йедзаг у, уӕддӕр.
Дунедарӕг — мӕ исбон, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы исбон — Йӕ адӕм, Йаков Дунедарӕджы у.
Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.