Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 51:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уый куы фӕзӕгъы, уӕд рауары къӕвда, зӕххы кӕрӕттӕй ӕрбамбырд кӕны мигътӕ. Тӕрккъӕвдайы рӕстӕг Йӕ фӕндонӕй ферттивы арв, Йе ’мбӕхсӕнтӕй рауадзы дымгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 51:16
24 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йемӕ науы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта.


Куы Хуыцауы цӕф, куы та Йӕ хорзӕх ӕрхӕссынц зӕхмӕ.


Миты ӕфтауцдоны искуы уыдтӕ, ихы хӕзнадон искуы федтай,


Уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕр баууӕнддзынӕн, дӕ рахиз къух дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл.


Уый махӕн у нӕ Дунедарӕг Хуыцау, ӕгас зӕххы тӕрхонгӕнӕг.


стыр рухсгӕнӕнтӕ сфӕлдыста — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Чи уыны йӕ рӕдыдтытӕ? Ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтон, уыдонӕй мӕ ссыгъдӕг кӕн!


Цины уынӕримӕ Хуыцау ссыди уӕлӕмӕ, ссыди Хуыцау сыкъауадындзы зӕлтимӕ.


Ӕфхӕрд адӕм уый куы феной, уӕд бацин кӕндзысты. Хуыцауы чи агуры, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты царды ныфсӕй.


Моисей йӕ лӕдзӕгӕй февзыста Мысыры зӕхмӕ, ӕмӕ йыл Дунедарӕг скӕсӕйнаг дымгӕ рауагъта. Дымгӕ ӕгас бон ӕмӕ ӕгас ӕхсӕв фӕдымдта, ӕмӕ райсомӕй скӕсӕнӕй йемӕ мӕтыхтӕ ӕрбахаста.


Дунедарӕг ныгуылӕнӕрдыгӕй рауагъта уаддымгӕ. Уаддымгӕ мӕтыхты фелвӕста ӕмӕ сӕ Сырх денджызы баппӕрста. Иу дӕр сӕ нал аззад Мысыры зӕххыл.


Моисей йӕ къухӕй денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ Дунедарӕг денджызыл скӕсӕйнаг уаддымгӕ рауагъта. Денджыз дыууӕ дихӕй фӕйнӕрдӕм акалд, ӕмӕ йӕ сур бын разынди.


Херувимтӕн сӕ базырты уынӕр хъуысти суанг ӕддаг кӕртмӕ, уыцы уынӕр уыдис Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсы ӕнгӕс, Уый дзургӕ куы фӕкӕны, уӕд.


Израилӕгтӕ, сымах Мын эфиопӕгтӕй уӕлдай не стут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз израилӕгты ракодтон Мысырӕй, филистимӕгты — Кафторӕй, арамейӕгты — Кирӕй.


Фӕлӕ Дунедарӕг денджызы тыхджын дымгӕ ауагъта, ӕвирхъау уад сыстад, нау гӕбазгай куы ныппырх уа, уымӕй тӕссаг сси.


Хур куы скасти, уӕд та Хуыцау рауагъта скӕсӕйнаг тӕвд дымгӕ, ӕмӕ хур Ионӕйы сӕр арауын байдыдта. Афтӕ стыхсти, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт куырдта: «Мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan