15 Дунедарӕг Йӕ хъомысы фӕрцы сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзондӕй ӕрфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.
Уый райтындзы уӕлӕрвтӕ, денджызты рӕгътыл лӕгӕрды.
Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут, хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ.
Ӕмӕ Хуыцау сбирӕ кодта Йӕ адӕмы, ӕмӕ йӕ скодта йе знӕгтӕй тыхджындӕр.
О Йерусалим, ӕз дӕу куы ферох кӕнон, уӕд мӕ рахиз цонг мацыуалхъом суӕд!
Дунедарӕг уӕлзондӕй зӕххӕн ӕрӕвӕрдта бындур, уӕлӕрвтӕ сфидар кодта зондӕй.
Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый. Зӕххыл чи цӕры, уыдон цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты. Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй, ӕрцарӕзта сӕ цатырау, цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.
Уӕ цӕстытыл схӕцут уӕлӕмӕ, скӕсут уӕлӕрвтӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнут, Чи сӕ сфӕлдыста, Ууыл. Чи сфӕлдыста уый бӕрц стъалытӕ? Чи сӕ базмӕлын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсадау? Уый сӕ алкӕцымӕ дӕр дзуры йӕ номӕй. Иумӕ дӕр сӕ нӕ фӕвӕййы ӕнӕ фӕсидгӕ.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты, чидӕриддӕр зӕххыл цӕры, уыдонӕн царды комулӕфт Чи балӕвар кӕны, Уый:
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта, Уый, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста, Уый. Уӕлӕрвтӕ Ӕз айтыгътон, Зӕхх Мӕ хъомысӕй Ӕз ӕрцарӕзтон.
Ӕз сарӕзтон зӕхх, сфӕлдыстон ыл адӕймаджы. Мӕхи къухтӕй айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕларвӕфсадӕн бафӕдзӕхстон Ме ’гъдау ӕххӕст кӕнын.
Ӕз ӕрӕвӕрдтон зӕххы бындуртӕ, уӕлӕрвтӕ дӕр айтыгътон Мӕ къухӕй. Фӕсиддзынӕн сӕм — ӕмӕ иумӕ ӕрлӕудзысты Мӕ разы.
Цӕмӕн ферох кодтат Дунедарӕджы, уе Скӕнӕджы, уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта ӕмӕ зӕхх Чи сарӕзта, Уый? Фыр тӕссӕй цы ризут тыхгӕнджыты раз, цы сӕ бон у, цы уын ракӕндзысты? Уадз ӕмӕ абухой!
Ӕз Мӕ хъомысы фӕрцы Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон зӕхх, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты, ӕмӕ Ӕз ацы зӕхх, кӕмӕн Мӕ фӕнды, уымӕн ратдзынӕн.
«О Дунедарӕг Хуыцау! Де ’гӕрон хъомысӕй, Дӕ къухӕй Ды сфӕлдыстай уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх! Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у дӕ бон!
Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:
«Адӕм, уый цы ми кӕнут? Мах дӕр сымах хуызӕн адӕймӕгтӕ стӕм. Хъусын уын кӕнӕм Фарны Уац, цӕмӕй сымах уӕ мӕнгхуыцӕуттӕй раздӕхат цардӕгас Хуыцаумӕ — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕгмӕ.
Дуне, стӕй дунейы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ цы Хуыцау сфӕлдыста, Уый у арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг — къухӕйконд кувӕндӕтты нӕ цӕры.
Ӕмӕ сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, Хуыцауы уыцы мыггагмӕйы тых ӕмӕ Йӕ ӕрдзыхъӕд дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ бӕлвырд сты, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд.
Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!
«Ды цыт ӕмӕ кады аккаг дӕ, нӕ тыхджын Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Ды сфӕлдыстай, ӕппӕт дӕр сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ ӕппӕт дӕр Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис».