Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 51:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 51:11
39 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Соломонӕн йӕ ныхмӕ сардыдта йе знаджы: Едомы паддзӕхты мыггаджы байзӕддаг Хадады.


Хуыцау Соломоны ныхмӕ сардыдта Елйадайы фырт Резоны дӕр. Уый алыгъд йӕ паддзахӕй — Цовайы паддзах Адад-Езерӕй,


уӕд сын Израилы Хуыцау сӕ ныхмӕ самидин кодта Ассирийы паддзах Пулы — йӕ иннӕ ном Тиглат-Пилесер, — ӕмӕ уый Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн йе ’мбис уацары райста, акодта сӕ Халахмӕ, Хавормӕ, Харамӕ ӕмӕ Гозаны донмӕ, ӕмӕ ма абоны онг дӕр цӕрынц уым.


Персайнаг паддзах Кирӕн йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз сӕххӕст ис, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты цы фехъусын кодта, уый. Дунедарӕг персайнаг паддзахы сразӕнгард кодта, цӕмӕй йе ’ппӕт паддзахады дӕр фехъусын кӕна ӕмӕ ныффысса ахӕм бардзырд:


Йеремиайы уылты цы загъта, уый сӕххӕст кӕныны охыл Дунедарӕг сразӕнгард кодта Персы паддзах Киры йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз, ӕмӕ уый йӕ паддзахады алы ран дӕр дзыхы ныхасӕй ӕмӕ гӕххӕттыл фыстӕй фехъусын кодта:


Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм галтӕрӕн ехсӕй февзиддзӕн ӕмӕ, кӕддӕр Сынты Къӕдзӕхы цур мидианӕгты куыд ныддӕрӕн кодта, афтӕ адоныл дӕр нӕ бацауӕрддзӕн. Денджызмӕ февзиддзӕни Йӕ лӕдзӕгӕй, кӕддӕр Мысырмӕ куыд февзыста, афтӕ.


Хуыцау мын фенын кодта тасуадзӕг цӕстылуайӕн: «Уӕйгӕнӕг гадзрахатӕй цӕуы, гӕныстонгӕнӕг стигъы. Бабырсут, еламӕгтӕ! Мидиӕгтӕ, ӕрхъула кӕнут! Ӕз кӕрон скӕндзынӕн адӕмты хъӕрзынӕн».


Фынг ӕрӕвӕрдтой, гауызтӕ ӕрытыдтой ӕмӕ минас кӕнынц. Ӕвиппайды ныхъхъӕр чындӕуыд: «Сыстут, барджынтӕ, байсӕрдут уӕ уартытӕ!»


Ӕз рӕстӕвзары ракодтон цӕгатӕй, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Скӕсӕнӕй Мӕм кувы. Цъыфау йӕ къӕхты бын ссӕнды барджынты, дурынгӕнӕг ӕлыг куыд фӕнӕмы, афтӕ.


Дунедарӕг зӕгъы Йӕ байсӕрст Кирӕн: «Ӕз дын дӕ рахиз къухыл фидар хӕцдзынӕн. Дӕ дӕлбар дын бакӕндзынӕн адӕмты, паддзӕхтӕн байсдзынӕн сӕ хъомыс ӕмӕ-иу дын байгом кӕндзынӕн алы дуар, алы кулдуар.


Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ Хуыцау нӕй. Ӕмӕ дын Ӕз радтон паддзахы бартӕ, кӕд Мӕ нӕ зыдтай, уӕддӕр.


Скӕсӕнӕй, дард бӕстӕй, фӕсидтӕн цӕргӕсмӕ, Мӕ фӕнд Мын чи сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы лӕгмӕ. Ӕз, рагагъоммӕ цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн, цы скарстон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.


Зимри, Елам ӕмӕ Мидийы ӕппӕт паддзӕхтӕн;


Ӕрцӕттӕ кӕнут уартытӕ, ӕрцытӕ, хӕсты быдырмӕ рӕвдздӕр рацӕут!


Сифтындзут уӕ бӕхтӕ ӕмӕ размӕ згъорут, бӕхджынтӕ! Уӕ уӕлӕ згъӕрхудтӕ ӕмӕ згъӕрхӕдӕттӕ ӕркӕнут! Ӕрцытӕ сцыргъ кӕнут!


Згъорут, бӕхтӕ, размӕ згъорут, бӕхуӕрдӕттӕ! Уадз, рацӕуой гуыппырсартӕ: эфиопӕгтӕ, сӕ уартытимӕ — ливиӕгтӕ, ӕлвӕст ӕрдынтимӕ — лудиӕгтӕ!


Дунедарӕг байгом кодта Йе ’мбӕхсӕн, систа дзы Йӕ фыдӕхы хӕцӕнгӕрзтӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, хъуамӕ халдейӕгты зӕххы Йӕ хъуыддаг сӕххӕст кӕна.


Цӕгатаг адӕм йӕ ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзысты. Нал дзы адӕймаг баззайдзӕн, нал сырды мыггаг, ацӕудзысты ӕмӕ рахау-бахау кӕндзысты.


Байхъусут, Дунедарӕг Вавилонӕн, халдейӕгты зӕххӕн, цы снысан кодта, уымӕ! Суанг ын йӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты, Дунедарӕг сын сӕ сӕрвӕттӕ дӕр бабын кӕндзӕн.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕгатаг зӕххытӕй ӕнӕнымӕц адӕмты сыстын кӕндзынӕн. Ӕрбакӕндзынӕн сӕ Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзысты. Хӕрзарӕхст сты сӕ фатӕхсджытӕ, ӕнӕ ӕфтиагӕй не здӕхынц фӕстӕмӕ.


Уӕ тырыса сисут Вавилоны систы ныхмӕ! Уӕ хъахъхъӕнӕн мадзӕлттӕ фӕхуыздӕр кӕнут, хъалагъурты ӕрлӕууын кӕнут, рӕсӕнты бабадут! Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый бакӕндзӕн, Вавилоны цӕрджыты тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕндзӕн.


Вавилоны, халдейӕгты зӕххыл чиддӕриддӕр цӕры, уыдоны Ӕз, Сионы цы фыдракӕндтӕ фӕкодтой, уыдоны тыххӕй бафхӕрдзынӕн уӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг.


Сионы чызг зӕгъдзӕн: «Аргӕвста мӕ Вавилон!» Йерусалим дӕр дзурдзӕн: «Халдейӕгтӕ сӕхи самӕстой мӕ тугӕй».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз дӕ сӕрыл рахӕцдзынӕн, дӕ маст дын райсдзынӕн. Ӕз сын сӕ денджыз ӕмӕ сӕ цӕугӕдӕттӕ байсысын кӕндзынӕн.


Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,


Уӕ гутонтӕ батайын кӕнут ӕмӕ сӕ хъаматӕ скӕнут, уе ’хсырфытӕй саразут ӕрцытӕ. Хъару кӕмӕ нӕй, уый зӕгъӕд: «Ӕз дӕн бӕгъатыр!»


Ацы ныхӕстӕ ӕппӕт адӕмтӕн фехъусын кӕнут. Уӕхи сцӕттӕ кӕнут хӕстмӕ! Уӕ сахъгуырдтӕ тохы быдырмӕ рацӕуӕнт!


Мӕ фидыд Мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уӕ карды амӕттаг бакӕндзынӕн. Уӕ сахарты куы бамбӕхсат, уӕд та уыл бафтаудзынӕн емынӕ, ӕмӕ уе знӕгты къухтӕм бахаудзыстут.


Йерусалимы ныхмӕ чи хӕцыди, уыцы адӕмты Дунедарӕг бафхӕрдзӕн: сӕ къӕхтыл ма лӕудзысты, афтӕмӕй сӕ буӕрттӕ ӕмбидзысты, сӕ цӕстытӕ бахаудзысты, се ’взӕгтӕ сӕ комы бахус уыдзысты.


Ӕз ӕппӕт адӕмты Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ сыстын кӕндзынӕн, ӕмӕ сахар бацахсдзысты. Йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кӕндзысты, сылгоймӕгты фӕхудинаг кӕндзысты, сахары цӕрджытӕн се ’рдӕг уацары ацӕудзӕн; фӕлӕ сахары иннӕ хай фервӕздзӕнис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan