Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 50:44 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

44 Иорданы пыхсбынӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕтмӕ куыд рацӕйцӕуы, уыйау Ӕз вавилойнӕгты ӕвиппайды фӕсурдзынӕн, сӕ сӕргъы сын, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Кӕм ис Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 50:44
18 Iomraidhean Croise  

Ды тыгъдызӕйау адӕмы ахӕссыс Дӕ разӕй, ӕмӕ ӕрбайсӕфынц фынау; кӕрдӕджы ’нгӕс сты уыдон — райсомӕй чи ӕрзайы, дидинӕг чи ракалы, изӕры та чи ахус вӕййы.


Нӕ тӕригъӕдтӕ нын равӕрдтай Дӕ разы, нӕ сусӕгтӕ Дӕ цӕсгомы рухсӕй раргом кодтай.


Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕу хуызӕн чи у? Чи у, Дӕуау, хъомысджын ӕмӕ уаз? Тас ӕфтауы Дӕ кад, о, диссӕгтӕ фӕлдисӕг!


Уӕдӕ кӕимӕ абаринаг стут Хуыцауы? Кӕм ссардзыстут Уый хуызӕн?


«Уӕдӕ Мӕ кӕй халдихыл нымайут, Мемӕ чи бары йӕхи?» — зӕгъы Стыр Хуыцау.


Ӕз рӕстӕвзары ракодтон цӕгатӕй, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Скӕсӕнӕй Мӕм кувы. Цъыфау йӕ къӕхты бын ссӕнды барджынты, дурынгӕнӕг ӕлыг куыд фӕнӕмы, афтӕ.


Дунедарӕг зӕгъы: «Сымах Ме ’вдисӕнтӕ стут. О, сымах ӕмӕ Мӕ цагъар, Ме ’взӕрст. Мӕ хъуыддӕгтӕн стут ӕвдисӕнтӕ, цӕмӕй Мӕ базонат, цӕмӕй баууӕндат, Ӕз Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау Мӕ разӕй дӕр кӕй никуы уыд ӕмӕ Мӕ фӕстӕ дӕр кӕй никуы уыдзӕн, ууыл.


Скӕсӕнӕй, дард бӕстӕй, фӕсидтӕн цӕргӕсмӕ, Мӕ фӕнд Мын чи сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы лӕгмӕ. Ӕз, рагагъоммӕ цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн, цы скарстон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.


Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, тӕккӕ райдианы, незаманты, цытӕ сарӕзтон, уый. Ӕз Хуыцау дӕн, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау, Мӕн хуызӕн никуы ис ӕндӕр.


Уе ’ппӕт дӕр ӕрбамбырд ут ӕмӕ байхъусут! Мӕн йеддӕмӕ рагацау чи фехъусын кодта, ныр цы ӕрцӕудзӕн, уый? Ӕз ацы лӕджы бауарзтон ӕмӕ Мын уый сӕххӕст кӕндзӕни Мӕ фӕндон — Вавилонӕн цы тӕрхон рахастон, уый. Халдейӕгтӕн фенын кӕндзӕни Мӕ хъомыс.


«Адӕмимӕ фистӕгӕй згъоргӕйӕ, саувӕллад куы бадӕ, уӕд барджытимӕ ерыс куыд кӕндзынӕ? Сабыр зӕххыл-иу куы ахаудтӕ, уӕд Иорданы был пыхсбыны цы фӕуыдзынӕ?


Цыма домбай йӕ лӕгӕтӕй рацыд, уый хуызӕн сси, ӕмӕ ӕгъатыр мастӕй, Йӕ судзгӕ мастӕй ӕдзӕрӕг быдыр фестади зӕхх!


Сӕ фӕтӕг уыдзӕни сӕхицӕй, се ’хсӕнӕй рацӕудзӕн. Ӕз ӕй Мӕхимӕ ӕрбаввахс кӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн. Йӕхи фӕндӕй Мӕм хӕстӕг ӕрбацӕуын чи бауӕнддзӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. —


Алырдыгӕй йыл хъӕр кӕнут! Йӕхи радта знӕгтӕм, ныппырх сты йӕ фидӕрттӕ, йӕ систӕ ныззыгуым сты. Дунедарӕджы азар у уый! Уӕ маст дзы райсут! Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бавзарын кӕнут!


Фыййӕуттӕн сӕ кӕуын хъуысы — сафтид сты сӕрвӕттӕ! Сӕ рыхын хъуысы домбӕйтты лӕппынтӕн: Иордан сӕрыстыр цы дӕлвӕзӕй уыд, уым иунӕг бӕлас нал баззад.


Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттӕн загъта: «Райсом сӕумӕйӕ равдисдзӕн Дунедарӕг, Йӕхи чи у ӕмӕ сыгъдӕг чи у, стӕй Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуын кӕй уадзы, уый. Кӕй равзӕрста, уымӕн Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуыны бар ратдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan