Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 50:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Цӕгатӕй ӕрбацӕуынц ӕнӕнымӕц адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй сыстадысты паддзӕхтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 50:41
11 Iomraidhean Croise  

Сӕхи дӕр сын ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ басӕтдзысты. Ӕз сын сӕ митӕм ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн».


Уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕгатаг зӕххытӕй ӕнӕнымӕц адӕмты сыстын кӕндзынӕн. Ӕрбакӕндзынӕн сӕ Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзысты. Хӕрзарӕхст сты сӕ фатӕхсджытӕ, ӕнӕ ӕфтиагӕй не здӕхынц фӕстӕмӕ.


Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн.


Уыцы дзырдтӕн сӕ мидис ахӕм у: МЕНЕ — „Хуыцау дын дӕ паддзахдзинадӕн кӕрон скодта“.


Ды цы сырд ӕмӕ цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон уыцы хъахбайӕ се сӕфт фендзысты ӕмӕ йӕ бацарӕфтыд кӕндзысты; ныууадздзысты йӕ бӕгънӕгӕй, бахӕрдзысты йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ басудздзысты арты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan